филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 воскресенье, 29 сентября 2024
25 мая 2020, 16:15
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æмæ акци #МЫВМЕСТЕ-йы активисттæ зилынц Алагиры районы

Фæсивæд бабæрæг кодтой хæххон хъæуты зæрдылдарæн бынæттæ

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æмæ акци #МЫВМЕСТЕ-йы активисттæ дарддæр зилынц, Цæгат Ирыстоны сырхæфсæддонтæн цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдонмæ. Фыццаг зиу арæзт æрцыд Алагиры районы. Фæсивæд бабæрæг кодтой хæххон хъæуты зæрдылдарæн бынæттæ.

Нузалы цыртдзæвæны уавæры тыххæй Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон штабы активисттæ базыдтой ацы мæйы райдиан, мониторинг куы кодтой, уæд. Бынæттон администраци сног кодта мемориал, æхсæнадон кусджытæ та базылдысты территоримæ. Бахъуыди сæ лæмбынæг бакусын, акалдтой зæронд зайæгойтæ æмæ скуынæг кодтой хус кæрдæг. 

Кусинæгтæ чысыл нæ разындысты. Фæлæ сæ фæсивæд нæ фæтарстысты. Уымæн æмæ Сырхæфсæддонты номыл цыртдзæвæнмæ базилын – уый у æппæтæй къаддæр хъуыддаг, сæ хъæбатырдзинад хъуыды кæнынæн, зæгъынц лæппутæ æмæ чызджытæ. Ахæм куыст кæндзысты дарддæр дæр.

Иу бынатæй иннæмæ, уæлдæр æмæ уæлдæр – хæхтæм. Нæ абухгæ цæугæдæттæ, нæ уырдæг фæхстæ сæ нæ бахъыгдардтой сæ хæс сæххæст кæнынæн æдзард хæстонты раз. Тлийы хъæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмард, уыдоны номыл цыртдзæвæн сæвæрдтой 35 азы размæ. Мемориалон фæйнæгыл фыст æрцыдысты сæ нæмттæ. Иу мыггагæй дзы ис цалдæргай адæймаджы. Ацы ран та фæсивæдон командæйы активисттæ ныккарстой кæрдæг, цыртдзæвæн æмæ йæ алыварс быру.

Уый нырма у куыстыты фыццаг къæпхæн. Кæронмæ сæ фæуын фадат нæ радта боныхъæд. Æхсæнадон кусджытæ зæрдæ бавæрдтой, ногæй та ардæм кæй æрбацæудзысты, æмæ территори аивгæнæн куыстытæ кæй фæуыдзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania