филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 воскресенье, 29 сентября 2024
27 мая 2020, 17:00
Плиты Иссæйы бюст аграрон университеты кæрты рацарæзтой ногæй

Реставрацион куыстытæ конд æрцыдысты зæрдæхæлар адæмы хардзæй

Æфсады зындгонд инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы бюст аграрон университеты кæрты рацарæзтой ногæй. Уæвгæ йæ байгом кодтой 12 азы размæ. Уæдæй нырмæ йæм базылдысты фыццаг хатт. Рæстæджы цыдимæ ссыдысты йæ фыстытæ, йæ хæрзиуджытæ та йын сахуырстой сау ахорæнтæй. Реставрацион куыстытæ конд æрцыдысты зæрдæхæлар адæмы хардзæй. Сæ иу – горæты ветеранты советы сæрдар Лалыты Лев. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон бирæ цыртдзæвæнтæ сты ногæй рацаразинаг. Ацы фарста алыг кæнæн ис иумæйаг архайды фæрцы

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania