филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
01 июня 2020, 16:46
Абонæй фæстæмæ Пенсион фонд райдыдта Уæрæсейы Владимир Путины уагæвæрд æххæст кæнын

1-æм июнæй 10 мин сомы исын райдыдтой, æртæ азæй æхсæрдæс азы онг сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдон

Абонæй фæстæмæ Пенсион фонд райдыдта Уæрæсейы президент Владимир Путины уагæвæрд æххæст кæнын. 1-æм июнæй 10 мин сомы исын райдыдтой,  æртæ азæй æхсæрдæс азы онг сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдон. Æдæппæтæй паддзахадон æххуыс райсдзысты фынддæс мин сабийы. Уыдон сты, фиддонæн курдиат 22-æм маймæ чи балæвæрдта, уыдон.

Пенсион фонды куыд загътой, афтæмæй курдиат равзарынц фондз боны дæргъы. Æхцатæ та хыгъдмæ бацæуынц æртæ боны дæргъы. Уыимæ паддзахадон лæггæдты порталы уылты чи балæвæрдта курдиат, уыдоны бон у интернеты фæрцы сæ фиддоны фæткмæ цæст дарын.

Курдиат ис бадæттæн фыццæгæм октябрмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ базонæн ис ахæм телефонмæ бадзургæйæ: фæндзай иу – æстай – нæуæдз дыууæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania