филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:45 вторник, 16 декабря 2025
04 июня 2020, 15:56
Вирусы инфекци кæмæ ис, ахæм алы рынчынæн дæр æнæмæнг лæвар хосты пакет дæттынц поликлиникæты

Дæттынц сæ тæвд кæмæ ис, æмæ хуыфгæ чи кæны, ахæм рынчынтæн

Температурæ æмæ хуыфæг коронавирусы æнæмæнг æууæлтæ не сты. Фæлæ ахæм рынчынæн æнæмæнг лæвар хосты пакет радтын кæй хъæуы, уый бæлвырд у. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй медицинон куыстуæттæ хостæй сты ифтонг. Фæлæ къуылымпыдзинад æййафынц, дохтыртæ дзы кæй нæ фаг кæны, уымæй. Сæ фылдæр сæхæдæг дæр сты рынчын. Дохтыртæ æрмæст рынчынтæн не ххуыс кæнынц, фæлæ ма кæрæдзийæн дæр.

Медикаментты ацы комплекс дæттынц, вирусы инфекци кæмæ ис, ахæм алы рынчынæн дæр. Сæ хыгъд вæййы адæймаджы уавæрмæ гæсгæ. Хостæ иууылдæр сты лæвар. Дæттынц сæ тæвд кæмæ ис, æмæ хуыфгæ чи кæны, ахæм рынчынтæн. Уый фаг у, лæвар æххуыс райсынæн. Хостæ райсынæн тест кæнын нæ хъæуы.

Хостæй цух не ййафынц, зæгъынц Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы. Уыцы хъуыды зæгъынц горæты 1-æм поликлиникæйы дæр. Къуылымпыдзинад æййафынц æрмæстдæр кадртæй. Дохтыртæй бирæтæ сæхæдæг дæр сты рынчын. Уыцы рæстæг та иннæ дохтыртыл цæуы дывæр уаргъ.

Томайты Светланæ у 1-æм поликлиникæйы радхæссæг терапевт. Цалынмæ йе мкусджытæ рынчын сты, уæдмæ Светланæ рацыди куыстмæ, цæмæй иннæ дохтыртæн баххуыс кæна рынчынтитмæ архайынæн.  Сылгоймагыл йæхиуылдæр цæуы 65 азæй фылдæр, уый та ууыл дзурæг у, æмæ йын тæссаг у фæрынчын уæвынæй. Фæлæ уæддæр кусы цалдæр адæймаджы бæсты. Бонмæ ацæуы 40 рынчынæй фылдæрмæ.

Ахæм системæмæ гæсгæ кусдзысты, цалынмæ уавæр йæ раздæры хуызмæ не рцæуа, уæдмæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр гыццылгай хуыздæры `рдæм ивын райдыдта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania