филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
08 июня 2020, 16:10
Æвзарæн къамис бакуыста æдасдзинады мадзæлттыл, цæмæй хъæлæс кæныны бон æнæ къуылымпытæй ацæуа

Республикæйы Центрон æвзарæн къамис бакуыста æдасдзинады мадзæлттыл, цæмæй хъæлæс кæныны бон æнæ къуылымпытæй ацæуа, уый тыххæй. Уый тыххæй абон ныхас цыд брифингы.

Алы æвзарæгæн дæр бюллетенимæ дæтдзысты хи хъахъæнæн фæрæзтæ: маскæ, æрмкъухтæ æмæ фыссæнгарз. Стыр æргом аздахдзысты æвзарæн участоктæм. 25-æмæй – 30-æм июньмæ къамисы уæнгтæ цæстдарджытимæ цæудзысты хæдзæрттæм, æмæ кæсдзысты, хъæлæс кæныны процедурæ куыд цæуы, уымæ. Курдиат бадæттæн ис бирæвæрсыг центры, кæнæ паддзахадон лæггæдты порталы.

Уыцы мгъуыдмæ ма бацæуæн уыдзæн участокмæ, æмæ рагагъоммæ схъæлæс кæнын. 1-æм июлы та æвзарæн участоктæ кусдзысты бæстыхæйтты нæ, фæлæ гом арвы бын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania