филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
08 июня 2020, 16:39
Цæгат Ирыстоны хицауад уæлæмхасæн мадзæлттæ снысан кодта чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс кæныны тыххæй

Цæгат Ирыстоны хицауад уæлæмхасæн мадзæлттæ снысан кодта чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс кæныны тыххæй. Афтæмæй ахадгæ æххуыс райсдзысты, уæлæдарæс хуыйæн, хъæддзаума аразæг æмæ рекламон продукци парахатгæнæг куыстуæттæ. Рог промышленносты фæллойгæнджытæ та, низ парахат кæныны райдиан райдыдтой хи хъахъхъæнæн фæрæзтæ уадзын. Уыцы куыстуæттæй иу у Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ. Йæ продукци йын агурынц Цæгат Кавказы æппæт регионты.

Бахизæнгы æнæмæнг дезинфекци, стæй райдайы куыст. Цыколайы хуыйæн фабричы фæллой кæнынц 50 адæймагæй фылдæр. 30-æй та Дзæуджыхъæуы филиалы. Сæ куысты фæтк фæстаг рæстæг фæкарздæр ис. Хуыйджытæ ам сты, зæгъæн ис, æмæ æнæ фæлладуадзæн бонтæй. Фæллойадон бон дæр зынгæ фæфылдæр ис. Ныртæккæ фабричы фыццаградон хæс у, республикæйы рынчындæтты дохтыртæн хи хъахъхъæнæн костюмтæ хуыйын.

Ацы куыстуат республикæйы у рагондæртæй иу. Ам уадзынц алыхуызон продукци. Фабрикæ арæх рамбулы стыр тендертæ. Уымæ гæсгæ сæрмагонд дзаума бахуыйыны тыххæй организаци заказтæ исы Уæрæсейы алы горæттæй. Кæцыдæртæ уал дзы фæуагътой фæстæдæрмæ.

Комбинезонтæй уæлдай хуыйынц маскæтæ дæр. Архайынц хъæддых хъуымацæй. Уый у домæнтæм гæсгæ. Советон рæстæджыдæр иу дохтыртæн хи хъахъхъæнæн фæрæзтæ ахæм хъуымацæй хуыдтой.

Ацы костюмтæ хуыйгæйæ хынцын хъæуы алы хъуыддаг дæр. Дохтырæн дзы кусынæн хъуамæ зын ма уа. Ацы сæрмагонд уæлæдарæс бахуыйыны тыххæй æфтиаг нæ исынц, зæгъынц организацийы. Æрмæст исынц хомагæн йæхи аргъ. Ацы фæткмæ гæсгæ кусын райдыдтой апрелы. Куыд зæгъынц, афæтæмæй кусдзысты, кæдмæ бахъæуа, уæдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania