филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
08 июня 2020, 16:38
Ивгъуыд хуыцаубоны Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кодтой рагон чырыстон бæрæгбон – кæрдæгхæссæн

Æгъдаумæ гæсгæ адæм сæ хæдзæртты скодтой æртыгай чъиритæ, сæ бинонтæн ракуырдтой æнæниздзинад æмæ зæххон хорзæхтæ

Ивгъуыд хуыцаубоны Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кодтой рагон чырыстон бæрæгбон – кæрдæгхæссæн. Æгъдаумæ гæсгæ адæм сæ хæдзæртты скодтой æртыгай чъиритæ,  сæ бинонтæн ракуырдтой æнæниздзинад æмæ зæххон хорзæхтæ.

Дзиуаты Фатимæ кæрдæгхæссæн нымайы сæ мыггаджы кадджындæр бæрæгбоныл. Сывæллонæй хъуыды кæны, куыд æм цæттæ кодтой æмæ уыцы фæтк абон дæр нæ халы.

Кæрдæгхæссæнæн ис йæхи зæдбадæн бынат – Хохы Санибайы. Æрвылаз дзы вæййы стыр куывд, фæлæ ацы аз, уавæр хынцгæйæ, адæм бирæ нæ уыд. Чи æрбацыд, уыдон дæр хуыцауы ном ссардтой æмæ бæрæгбоны аргъуыд сарæзтой кæрæдзимæ дæрдзæф лæугæйæ.

3 дзуары аргъуанæн  бындур сæвæрдтой 12-æм æнусы. Бирæ цаутæ бавзæрста,  иу рæстæг хæлд дæр æрцыд, фæлæ бынæттон цæрджытæ, сæ сæргъы Хъуыссæты Мæирбег аргъуан сног кодтой. Аргъуаны цардæн  æнусты дæргъы æвдисæн уыд сусхъæд бæлас. Хуымæтæг нæу. Ис ын 2 зæнджы æмæ сæ чырыстон диныл хæст адæм бæттынц, аргъуан цы æртæдзуары ном хæссы уыимæ. Фарн, амонд æмæ адæмы æнæниздзинад дзы ракуырдта не сфæлдыстадон къорд дæр. Адæймаджы та цы уырны, уый, æнæмæнг, сæххæст вæййы

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania