филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:13 суббота, 28 сентября 2024
11 июня 2020, 16:25
Михаил Бабич æмæ Битарты Вячеслав видеоконференцийы фæрцы æрныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр фарстатыл

Стыр æргом аздæхтой паддзахадон программæтæм, инвестицион проекттæм

Уæрæсейы экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Михаил Бабич æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав видеоконференцийы фæрцы æрныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр фарстатыл. Стыр æргом аздæхтой паддзахадон программæтæм, инвестицион проекттæм æмæ алы сезонты кусæг хæххон-рекреацион курорт «Мамысон»-ы фидæнмæ.

Хицæн ныхас цыд Беслæны рæзтыл 2025-æм азмæ. Беслæны рæзт у сæйрагдæр стратегион фарстатæй иу, загъта Битарты Вячеслав. Уымæй дарддæр ныртæккæ Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц 9 проекты. Æмтгæй райсгæйæ, инвестициты бæрц у 3 миллиард сомы. Федералон центр æмæ нæ республикæйы разамынд стыр æргом здахынц «Мамысон»-ы проектмæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у фидæны курорты инженерон инфраструктурæйыл бакусын. Ис бæлвырд инвестортæ, æмæ цæттæ сты фысымуæттæ æмæ æндæр объектты арæзтад райдайынмæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд азы сентябры «Мамысон»-ы территорийы  арæзт æрцыд экономикон зонæ. Уагæвæрд бафыста уæды Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев. Проектон-сметон документацимæ гæсгæ ацы аз фыццаг къæпхæны нысан кæнынц къахдзоныгътыл бырæн хæххон трассæтæ саразын. Æдæппæтæй та куыстытæ цæудзысты 4 къæпхæнæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania