филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:13 суббота, 28 сентября 2024
15 июня 2020, 16:40
Ног шифер баластой Беслæны цалдæр уынгтæм

Сыгъдæггæнæн æмæ аивгæнæн куыстытæ фæнд кæнынц дыууæ боны фæуын

Июны райдиан цы тыхджын тæрккъæвда æрцыди ихимæ, уый тынг бахъыгдардта Рахизфарсы районы цæрджыты. Бирæ цæрæн хæдзæрттæн ныппырх сты сæ сæртæ æмæ фатертæ доны бын фесты. Ныртæккæ районы разамынд архайы уавæр аивыныл æмæ уынгты аивдзинадыл кусыныл. Ног шифер баластой Беслæны цалдæр уынгтæм. Сыгъдæггæнæн æмæ аивгæнæн куыстытæ фæнд кæнынц дыууæ боны фæуын.

Сæ хæдзары сæр цыбыр æмгъуыдмæ сæ къæхты бын фæци. Ахæм цæхгæр ивддзинæдтæ æрцыдысты цалдæр боны размæ, тыхджын тæрккъæвда ихимæ куы рцыди, уæд. Афтæмæй Беслæны цæрджытæн аивтой сæ цæрыны уавæртæ 3-æм июны. Годжысаты Назойы уынджы бирæфатерон хæдзары сæрæн йæ шифер ныппырх ис. Фатертæ доны бын фесты. 

Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кодтой æнæхъæн кæртæй. Хæдзары хистæр кары цæрджытæ æмæ сывæллæттæ сæмбырд кодтой бырæттæ, стæй шиферы сæстытæ. 

Ахæм лыггæнинаг фарстатæ сæвзæрдысты горæты иннæ бæстыхæйтты дæр. Бынæттон цæрджытæй бирæтæ баззадысты æнæ æмбæлгæ уавæртæй. Районы разамынд активонæй райдыдта горæты аивдзинадыл кусын, æмæ бæстыхæйтты сæртæ ивын.

Ног шифер фыццаг баластой Мира æмæ Пионерскийы уынгтæм. Фæлæ ууыл сæ куыст нæ фæци. Нырма сæ размæ бирæ хæстæ ис. Сæ иу – уынгтæ бырæттæй ныссыгъдæг кæнын.

Сыгъдæггæнæн æмæ аивгæнæн куыстытæ районы разамынд фæнд кæны хæстæгдæр дыууæ боны фæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania