16 июня 2020, 16:37
Ивгъуыд суткæйы дæргъы Цæгат Ирыстоны коронавирус раиртæстой æртын дыууæ адæймагмæ
Ивгъуыд суткæйы дæргъы Цæгат Ирыстоны коронавирус раиртæстой æртын дыууæ адæймагмæ. Афтæмæй тæссаг инфекци кæмæ рабæрæг, уыдоны иумæйаг нымæц ссис æртæ мины æхсæз сæдæ цыппор фондз – хъусын кæны Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управлени. Цыппор авд адæймаджы сты республикæйы рынчындæтты, æртæсæдæ æртындæс та дзæбæх кæнынц амбулаторон уагæй.
Ведомствойы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, коронавирусæй нæ республикæйы сдзæбæх сты æртæ мины дыууæсæдæ дыууын дыууæ адæймаджы. Дохырты цæстдард ис фарастсæдæ авдмæ. Уæ хорзæхæй, æххæст кæнут профилактикæйы домæнтæ æмæ хъахъхъæнут уæхи æмæ уæ хиуæтты дæр.
темæмæ гæсгæ




