филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
16 июня 2020, 18:09
Ацы аз 110 азы сæххæст Токаты Асæхы райгуырдыл

Бирæвæрсыг æмæ егъау у Токаты Асæхæн йе сфæлдысдыстад

Ацы аз 110 азы сæххæст, ирон аивадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, æмæ ирд стъалыйæ ирон театры сценæйы чи ссыгъд, уыцы курдиатджын адæймаг Токаты Асæхы райгуырдыл.

Токаты Инусы фырт Асæх райгуырд æмæ бирæсывæллонджын бинонты хсæн 1910 азы Хохы Дæргъæвсы. Кæм уыдаид æнцон бинонтæн, уыцы рæстæг хæххон уавæрты. Низы аххосæгтæй сæ цардæй ахицæн сты мад æмæ фыд. Хъизæмæрттæ æвзаргæйæ хъомыл кодтой сывæллæттæ сæ хæстæджыты æмæ сыхæгты руаджы. Бæргæ сæм уыд зæрдæргъæвддзинад ахуырмæ, фæлæ сын сæ царды зын уавæрты тыххæй фадат нæ уыд. Къæбæр самал кæныны охыл Асæх фарастазыдзыдæй хызта бонджын адæмы фос. Уый фæстæ, цасдæр рæстæг хъомыл кодта Дзæуджыхъæуы сидзæр сывæллæтты хæдзары.

Фæлæ йын йæ ахуырмæ тырнындзинад æнцой нæ лæвæрдта. 1928 азы кусынмæ бацыд горæты чингуытæ уадзæн типографимæ. Йæхæдæг дæр йæ ргом здæхта литературæмæ. Базонгæ ис æмæ йæ зæрдæмæ тынг цыдысты куыд фæсарæйнаг, уырыссаг, афтæ ирон фысджыты уацмыстæ. Æвæццæгæн, уыдон сахадыдтой йæ миддунейыл, йæ дарддæры цардыл æмæ йæ аивадыл.

Æвзонг лæппуйы арæхст æмæ бæрнондзинад алы хъуыддаджы æнæбафиппайгæ нæ баззад. Райстой йæ фæсгомцæдисы рæнхъытæм. Фæстæдæр фæсгомцæдисы разамынды уынаффæмæ гæсгæ бацыди ахуыр кæнынмæ рабфакмæ. Йæ ахуыр хорз цыд. Ахуырæй уæлдай ма зæрдиагæй архайдайда Цæгат Кавказы Уырыссаг драмон театры къорды.

Хорз зонгæ уыд йæ артисттимæ. 1931 азы Инусы фырт ахуыр кæнынмæ æрвыст æрцыд Мæскуйы Паддзахадон Театралон аивæдты институты студент. Ам дæр та Ирыстойнаг лæппу уыди раззагдæр студентты æмрæнхъ. Тырныдта æмæ архайдта фылдæр зонындзинæдтæ райсын. 1935 азы Асæх иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Театралон институт.

Уымæй уæлдай, уыди йæ фыццаг ирон рауагъдонты къордæй иу. Фæстæдæр ацы къорд хуыдтой «золотая плеяда корифеев национального осетинского театрального искусства». Уыдонимæ уыдысты: Таутиаты Солæман, Хъариаты Тамарæ, Магкæты Арсен, Цæлыккаты Мæирбег, Къомайты Василисæ…

Цæгат Ирыстоны Ирон паддзахадон театр куы байгом, уæд Токаты Асæх кусын райдыдта актерæй. Уымæй уæлдай, йæхæдæг фыста пьесæтæ, æмдзæвгæтæ…. Фæлæ уæды адæмы сабыр цард фехæлдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æвирхъау сау хабар…

1941 азы Токайы-фырт дæр йæхицæн хæсыл банымадта райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Æрвыст æрцыд бастдзинады æфсæддон курсытæм. Дыууæ мæйы фæстæ та ком-коммæ фронтмæ.

Йæ фыццаг хæстон архайдтыта райдыдтой Цæгат Кавказы зæххыл – Ростовы бынмæ карз тохты, Матвеевы обаумæ ввахс. Уый фæстæ дыууæ азы фæстæмæцыды тохты. Фæлæ куыд диссаг у, адæймагмæ курдиат куы уа… Ам дæр тохы быдыры, зын æмæ уæззау уавæрты -куы кæмдæр хъæды, куы блиндажы цырагъы мæнг рухсмæ, акъоппыты дæр

Асæх нæ рох кодта æмæ архайдта йæ профессионалон курдиаты рæзтыл… Фыста боныгтæ…Хъахъæд æрцыдысты. Уыдоны бакæсæн ис тохы быдыры цаутæ:

Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын цы хæрзиуджытæ лæвæрд æрцыд, уыдоны хсæн: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дыккæгæм къæпхæны орден, майдан «За Победу над Германией».

Йæ уарзон Ирон театры Асæх куыста актæрæй, режиссерæй, литерæтурæйы хайады сæргълæууæгæй. 1946-æм азы йын лæвæрд æрцыд нæ республикæйы сгуыхт артисты ном. Фæстæдæр куыста театры директорæй, ЦИ чиныгуадзæн рауагъдады директорæй,

Фысджыты цæдисы бæрнон секретарæй, журнал « Мах дуджы» сæйраг редакторæй æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты. Асæх, кæд театралон институт каст фæци уæддæр йæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон æрмæст театримæ баст не сты, фæлæ ма литературæйы æмæ драматургийы. Йе мдзæвгæтыл фыст æрцыдысты зарджытæ дæр. Йæ повесть « Катя» рацыд куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл Мæскуйы дæр.

Йæ фыст пьесæтыл Ирон театры сценæйы æвæрд æрцыдысты спектакльтæ.: « Цы номæй дæм бадзурон», «Зынаргъ лæвар», «Тохы æхсæв».

Уæлдай хъуыстгонд уыд йæ пьесæ «Усгуртæ» . Тæлмацгонд æрцыд бæстæйы алы взæгтæм, æмæ æвæрд фæсарæйнаг театрты сценæтыл дæр . Уымæй уæлдай, Асæх ирон æвзагмæ тæлмац кодта æрмæст уырыссаг нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг классикты пьесæтæ дæр.

Бирæвæрсыг æмæ егъау у Токаты Асæхæн йе сфæлдысдыстад. Кæд абон не хсæн нал ис, уæддæр нæ культурæмæ, цы бирæ æвæрæнтæ бахаста, уыдон аргъ кæмæн нæй, ахæм сыгъдæг зæринæй конд дзаумæттæу æнустæм уыдзысты ирон культурæйы хæзнадоны бæрзонд тæрхæгыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania