филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
17 июня 2020, 16:28
Федералон программæмæ гæсгæ байгом сты фельдшерон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ

Нырыккон медицинон кусæнгæрзтæй ифтонг уæрæх кабинеттæ. Цæгат Ирыстоны Федералон программæмæ гæсгæ байгом сты фельдшерон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ. Ис дзы æппæт мадзæлттæ, хъæуты цæрджытæн афоныл æмæ хæрзхъæд лæггад бакæнынæн.

Бруты цæры 2 мин адæймаджы онг. Уыртаты Фатимæ дохтыры æххуысмæ æрбацыд фыццаг хатт. Зæгъы, хорз фадæттæ кæм ис, уым æнæниздзинад тагъддæр фæфидар уыдзæн. 

Бруты амбулаторийы куысджытæн  суткæмæ сæ бон балæггад кæнын  у 50 адæймагæн. Ам кусынц медицинæйы алы профильты дохтыртæ. Ис сын æппæт фадæттæ.

Федералон программæйы фæлгæты 350 квадратон метры фæзуатыл амбулатори арæзт æрцыд Зæронд Бæтахъойы дæр.  Ис дзы сынтæджытæ боныгон дзæбæх кæнынмæ. Сывæллæтты æмæ хистæр кары адæм дохтырты æркаст цæуынц хицæнтæй.

Уæрæх ног кусæнгæрзтæй ифтонг кабинеттæ дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн.

Федералон программæйы фæлгæты æдæппæтæй ацы аз базылдысты æмæ сцалцæг кодтой 46 фельдшерон-акушерон пункты æмæ амбулаторийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania