филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
17 июня 2020, 17:01
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Уæлахизы Парады фыццаг репетици

Сæрибары фæзы сæ арæхстдзинад равдыстой 58-æм æфсады 1100 службæгæнæджы

Дысон Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Уæлахизы Парады фыццаг репетици. Сæрибары фæзы сæ арæхстдзинад равдыстой 58-æм æфсады 1100 службæгæнæджы. Разамынд сын лæвæрдта 58-æм æфсады командæгæнæг, инæлар-майор Сергей Рыжков.

Хуссар æфсæддон зылды дзæуджыхъæуккаг гарнизоны æфсæддон оркестры 47 музыканты та дзуапп лæвæрдтой музыкалон хайæн. Репетицийы архайджытæ се ппæт дæр уыдысты маскæты. Ацы аз Уæлахизы Парад уыдзæн 24-æм июны Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania