филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:18 суббота, 28 сентября 2024
18 июня 2020, 16:20
Дзæуджыхъæуы доны станцæ амæй фæстæмæ у æхгæд

Раздæр æм кæуылты бацæуæн уыди, уыцы бахизæнтæм дæр цæуы ныр бæстон цæстдард

Дзæуджыхъæуы доны станцæ амæй фæстæмæ у æхгæд. Раздæр æм кæуылты бацæуæн уыди, уыцы бахизæнтæм дæр цæуы ныр бæстон цæстдард. Территорийы рад хæссынц пъæлицæйæгтæ. Цæмæй сезоны райдианы агъоммæ адæм дарддæр æххæст кæной хи изоляцийы фæтк. Уый ахсджиаг у коронавирусы инфекци парахат кæнын ма бауадзыны хъуыддаджы, стæй ма доны хæрзхъæддзинад бæрæггонд кæй нæу, уый тыххæй.

Кæд хи изоляцийы фæтк фæлæмæгъдæр кодтой, уæддæр Дзæуджыхъæуы сæйраг доны объект у æхгæд. Уæвгæ доны станцæ уарзондæр фæлладуадзæн бынат вæййы  афæдзы алы афон дæр, уæлдайдæр та сæрды. Уымæн æмæ ам се ппæтæн дæр фадат вæййы баулæфынæн, уыимæ лæвар. Мæй æмæ рдæджы размæ ам цы дон сæмбырд кодтой, уый ныр фæстæмæ ауагътой. Ахæм мадзæлттæ æнæмæнг кæнгæ фесты, станцæйы разамындмæ санкцитæ куы сфидар кодтой, уæд. 

Алы ран дæр фыстытæ, хи найæн нæй, зæгъгæ. Сæйраг бацæуæн та у æхгæд. Фæлæ горæты цæрджыты уый нæ урæдта. Уымæн æмæ территори æххæстæй æхгæд никуы уыди. Доны станцæмæ бацæуæн уыдис, быруйы алывæрсты бахизгæйæ.

Ныртæккæ доны станцæ алы бон дæр бæрæг кæнынц пъæлицæйы кусджытæ, куыд йæ бацæуæны, афтæ территорийы дæр. Адæмæн æмбарын кæнынц, нырма уал ам уæвæн нæй, низ парахат кæныны ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ хъæуы дарддæр æххæст кæнын.

Прокуратурæйы зæгъынц, аипдзинæдтæ канд доны станцæйы разамынд не руагъта, фæлæ ма бæрнон æххæстбарджын æмæ барадхъахъхъæнæн оргæнты минæвæрттæ. Уымæн æмæ фæлладуадзæн объектмæ бацæуæнмæ сæ цæст нæ дардтой. Прокурор бадомдта аххосджынты дисциплинарон æгъдауæй бафхæрын.

Ныртæккæ территорийы рад хæссынц ирвæзынгæнджытæ, кæд искæйы æфхæрæн мадзæлттæ нæ бауромой, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania