филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:20 суббота, 28 сентября 2024
22 июня 2020, 15:56
Уæрæсейы бæрæг кæнынц хъыг æмæ мысыны бон

Дыууын дыккæгæм июны 1941 азы фашистон Герман ныббырста Советон Цæдисмæ

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц хъыг æмæ мысыны бон. Дыууын дыккæгæм июны 1941 азы фашистон Герман ныббырста Советон Цæдисмæ.

Иу мин цыппарсæдæ æстдæс бон æмæ æхсæвы нæ бæстæ хъæбатырæй лæууыдис знаджы ныхмæ. Уæлахизмæ стыр æвæрæн бахастой Ирыстоны цæрджытæ дæр. Хæсты быдыры тох кодта республикæйы алы фæндзæм цæрæг дæр.

1941 азы Цæгат Ирыстонæй фронтмæ ацыдис цыппор мин адæймаджы. Æдæппæтæй та нæуæдз мины. Уыдонæй цыппор фондз мины фæстæмæ нал сыздæхтысты. Сæ рухс нæмттæ сын абон æрымысыдысты Хицауады уæнгтæ, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ.

Намысы аллеяйы фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ингæнтæм сæвæрдтой дидинджытæ, уый фæстæ та иу минут æдзæмæй алæууыдысты. Мидхъуыддæгты министрад та мемориалон комплекс Барбашовы фæзы сарæзта акции Мысыны цырагъ.

Райсомы цыппар сахатыл мемориалы раз цырæгътæй сæвæрдтой ныхас «Помним» .  Ведомствойы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы аз коронавирусы пандемияйы тыххæй мадзал ацыдис æнæ министрады кусджытæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania