филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
22 июня 2020, 16:56
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ æдзухдæр сæ зæрдæты

Хæрз чысыл лæппутæ æмæ чызджытæн байста сæ сабийы бонтæ, сæ æнæмæт рæстæг

Арф фæд ныууагъта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, уæды рæзгæ удты дæр. Хæрз чысыл лæппутæ æмæ чызджытæн байста сæ сабийы бонтæ, сæ æнæмæт рæстæг. Иу уысым се ппæтыл дæр æрæнцад уæззау уаргъ – бахъахъхъæнын фыдыуæзæг. Уыимæ лæппуты æмрæнхъ æрлæууыдысты чызджытæ дæр.

Хæст… Цал æмæ цал æрыгон уды бафтыдта царды уæззау фæндæгтыл… Цасæй баззадысты зæххыл æнæдарæгæй… Цал æмæ цал сылгоймаджы баззадысты идæдзæй, цал æмæ цал ныййарæджы бацыдысты мæрдтæм сæ цардхъуаг хъæбултæм æнхъæлмæ кæсгæйæ…
Уæззау æмæ зын рæстæг скодта фæсфронты чи баззад, уыцы адæмыл дæр. Хъæуты ма баззадысты хæстонтæн сæ зæронд ныййарджытæ, сæ чысыл хотæ æмæ фсымæртæ. Бирæ хъæуты цард æрынцад сылгоймæгты уаргъыл. Уæды азты уæззау цаутæ абон чи хъуыды кæны, уыдоныл уæд цыд 8-10 азы. Æмæ кæд рæстæг рацыд, уæддæр нæ рох кæнынц, уыцы бонтæ.

Иу ахæмы 1942 азы картоф садзынмæ цæугæйæ фæндагыл æвдисæн уыдысты уæлдæфон тохæн. Уымæй уæлдай сæ размæ фесты нæхи дыууæ цæф æфсæддоны…Бацархайдтой сæ цыдæр амæлттæй хъæумæ æрбакæнын æмæ сæ къахыл слæууын кæнын… Уыцы боны цаутæ та тынг арф ныффидар сты Зойæйы зондахасты… Афтæмæй бон æддæдæр кодтой…

ФС хæсты Уæлахизмæ се вæрæн хастой хъæбатырæй чи хæцыд, уыцы ирон сылгоймæгтæ дæр. Уыдоны хсæн уыд Ногирæй Хуыбиаты Петры чызг Варварæ дæр.

Йе фсæддон фæндаг уыд Краснодары карз тохтæй. Йæ фæсномыг «Чижик» дæр Петры чызг ам райста. Йе фсæддон фæндаг райдыдта Кавказы зæххæй.

Кубаны фæстæ уыдысты Хъырымы зæхх знагæй суæгъд кæныны тохтæ. Цагатырдыгæй Керчы уыдис арæзт агуыридур уадзæн завод йæ алы варс уыд минæтæй дзаг. Сæрмагонд фсæддон хай йæ хъуамæ ссыгъдæг кодтаид, уый хъуыд, цæмæй заводмæ хæстæгдæр бацыдаикоой. Сыгъдæгæй скодтой, фæлæ сын æвæццæгæн бынтон нæ бантыст. Æмæ уый Варварæйæн сси хъысмæтхæссæн хæслæвæрд.

Дзавгар рæстæг æхуыссыд госпитæлы. Кæд ын æнцон нæ уыд, уæддæр йæхиуыл схæцыд. Ссардта хъару дарддæры цардæн.

Йæ бирæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Варварæ цы майдантæ æмæ ордентæй хорзæхгонд æрцыд, уыдонæй æппæтæй зынаргъдæрыл йæхицæн нымайы «Сырх Стъалыйы 2 ордены» æмæ «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1-æм къæпхæны орден» Рагзамантæй абонмæ Дунейы цы хæстытæ цыди, уым-иу ирон адæмы хæстонты нæмттæ уыдысты раззагдæртимæ.

Афтæ уыд ФС хæсты азты рæстæг дæр. Уыцы уæззау тугкалæн азты, нæ хъæбатырты нæмттæ зындгонд æмæ хъуыстгонд уыдысты алы фронтты. Сæ намыс æмæ æвзыгъдзинад та рох нау æмæ нæ уыдзæн уыддзæн фидæны фæлтæртæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania