филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
23 июня 2020, 17:12
Азымты Иринæ видеоконференцийы фæрцы фембæлд фæсивæдон проектты Æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутимæ

Грантты хицæуттæ радзырдтой сæ презентациты æмæ социалон хъæппæристы тыххæй

Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ видеоконференцийы фæрцы фембæлд фæсивæдон проектты Æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутимæ. Грантты хицæуттæ радзырдтой сæ презентациты æмæ социалон хъæппæристы тыххæй. Уымæй дарддæр раргом кодтой сæ фидæнмæ нысантæ дæр. Зæгъæн ис, æмæ се ппæт проекттæ дæр арæзт сты цардархайды ахсджиагдæр хъуыддæгтæм: патриотон хъомыладмæ, ахуырадмæ æмæ бинонты бындуртæ фидар кæнынмæ.

Призерты хсæн ис Гæбæраты Æхсарбег. У егъау проект «Ирон чиныджы» автор. Арæзт у фæсивæды ргом национ литературæмæ здахынмæ. Уыимæ – аудиочингуытæм хъусгæйæ. Гæбæраты Æхсарбег куыд радзырдта, афтæмæй гранты фæрцы нысан кæны аудиотекæ ног уацмыстæй фæхъæздыгдæр кæнын. Уыцы куыстмæ се вæрæн бахæсдзысты ирон æмæ дыгурон театрты хъуыстгонд артисттæ. Уымæй дарддæр республикæйы территорийы дарддæр æххæст кæнынц Чеджемты Надеждæйы проект «Бинонтæ». Уымæ гæсгæ нысан кæнынц цалдæр программон мадзалы саразын. Уыдоны хсæн: Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы кæртыты волонтертимæ æмæ зындгонд спортсментимæ æмбæлын.

Семæ алыхуызон спортивон, ирхæфсæн, сфæлдыстадон мадзæлттæ æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæ аразын. Программæ арæзт у бинонты хæзнатæ хъахъхъæнынмæ æмæ сæ парахат кæнынмæ. Азымты Иринæ раарфæ кодта активисттæн, ахæм ахадгæ куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Уымæн æмæ се ппæт дæр хорзырдæм фæзындзысты республикæйы социалон-экономикон рæзтыл.

Афæдзæй-афæдзмæ хъæппæрисджын фæсивæды нымæц кæны фылдæр. Ацы аз Æппæтуæрæсеон конкурсы Цæгат Ирыстонæй архайынц 18 проекты. Гранттæ райстой 23 милуаны æмæ 30 000 сомы аргъæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania