филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
25 июня 2020, 15:47
Цæгат Ирыстоны райдыдта Уæрæсейы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны рæстæг

Нæ республикæйы байгом кодтой 322 æппынæдзух кусæг æмæ 25 рæстæгмæ æвзарæн участоктæ

Цæгат Ирыстоны абон райдыдта Уæрæсейы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны рæстæг. Нæ республикæйы байгом кодтой 322 æппынæдзух кусæг æмæ 25 рæстæгмæ æвзарæн участоктæ. Алы бон дæр кусдзысты райсомы 8 сахатæй изæры 8 сахатмæ.

Ацы фæтк уыдзæн 1-æм июлы онг. Уæд уыдзæн хъæлæс кæныны иумæйаг æппæтуæрæсеон бон. Процедурæ къуырийы дæргъы арæзт цæуы, цæмæй участокты бирæ адæм ма æмбырд кæна, уый тыххæй. Алы ран дæр æххæст кæнынц æдасдзинады санитарон домæнтæ. Æвзарæн кампани куыд цæуы, уымæ кæсынц дыууæ мин æмæ 500 цæстдарæджы.

Республикæйы центрон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 25-æм июньмæ 22 мин адæймаджы балæвæрдтой курдиæттæ, кæм сты, уыцы бынаты схъæлæс кæныны тыххæй. 50 мин адæймагæй фылдæры та бафæндыд сæ хъæлæс хæдзары раттын. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania