филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
29 июня 2020, 16:36
Сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй ныронг кусын райдытой хъæлæс кæныны хайæдтæ

Кусынц нæ республикæйы алы районты

Сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй ныронг кусын райдытой хъæлæс кæныны хайæдтæ. Кусынц нæ республикæйы алы районты.

Интелектуалон хъазт «Альбус»-ы президент æвзæрстытæм бацыд цæттæйæ. 114 статьйамæ ивддзинад йæхицæн ахсджиагыл нымайы. Ныхас дзы цæуы, цæмæй хицауад рахæца бархионты æмæ æнæкоммерцион организациты фарс.

Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты байгом  254-æм æвзарæн хайад. Рæстæмбис нымадæй ардæм сахатмæ æрбацæуы 10 адæймаджы. Бирæтæ сæ дзуапп дæттынц, цæмæ гæсгæ æрцыдсты равзæрд хъуыдымæ.

Æргом æвзæрстыты процедурæмæ ма бафтыд санитарон домæнтæ æххæст кæныны фæтк.

Æвзарæн хайадмæ бацæуыны размæ хъæлæсгæнджытæн  барынц сæ тæвд æмæ кæд тæвд æмбæлгæйæ фылдæр уа, уæд æй акæнынц æндæр хайадмæ

Хъæлæс кæныны æппæт домæнтæ æххæст кæнынц Архонкæйы дæр. Ам Владимир Шульга цæст дары 3 взарæн хайадмæ.

Цæгат Ирыстоны кусы 326 æвзарæн хайады. Байгом вæййынц райсомы 8 сахатыл æмæ изæры 8 сахатмæ ис схъæлæс кæныны бар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania