филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
01 июля 2020, 16:54
Битарты Вячеслав фембæлд Гаглойты Аланимæ

Сæйраг зындзинæдтæ аззадысты фæстейы, фæлæ коронавирусы инфекцийы ныхмæ тох хъуамæ цæуа дарддæр

Республикæйы разамынды, бæрнон ведомствоты æмæ районты хицауады иумæйаг мадзæлтты фæрцы, коронавирусимæ уавæр Цæгат Ирыстоны кæны нывылдæр. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ, профилактикон куыст хъуамæ цæуа дарддæр, æмæ йæм хъуамæ бæрнон кусджытæй цæуа бæстон цæстдард.

Уый тыххæй кусæг фембæлды ныхас кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Сæйраг зындзинæдтæ аззадысты фæстейы, фæлæ коронавирусы инфекцийы ныхмæ тох хъуамæ цæуа дарддæр.

Æххæст кæнын хъæуы Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг Управленийы домæнтæ. Горæтгæрон районы разамынды архайды фæрцы ахадгæ куыст цæуы бынæттон цæрджытимæ, æмæ йæ хъæуы дарддæр хæццæ кæнын, загъта Битарты Вячеслав. Гаглойты Аланæн та бабар кодта, цæмæй бацæттæ кæной хæрзиуджыты аккаг активондæр адæмы номхыгъд. Иннæ ахсджиаг темæ та баст уыд – Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны бонимæ. Зноны онг районы схъæлæс кодтой цæрджыты 60%.

Битарты Вячеслав ма загъта, ацы аз Горæтгæрон районы арæзт кæй æрцæудзысты Архонкæйы сæргълæууæджы æвзæрстытæ. Хъуамæ ацæуой æмбæлгæ æмвæзадыл. 3-æм июлы нæ бæстæйы райдайдзæн фæлварæнтæ дæттæн кампани. Ацы хъуыддаджы æххæст кæнын хъæуы фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы æппæт домæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania