филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:02 вторник, 30 апреля 2024
09 июля 2020, 18:16
200 студенттæ Цæгат Ирыстоны медицинон академийы æмæ колледжы коронавирусы ныхмæ æрлæууыдысты «Сырх зонæ»-йы

Бирæ азты сæ зæрдыл бадардзысты сæ сæрмагонд уæлæдарæс æмæ сыл дæргъвæтин куысты фæстæ сæ цæсгæмттыл цы фæдтæ баззад, уыдон

Коронавирусы ныхмæ æрлæууыдысты канд фæлтæрдджын дохтыртæ нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны медицинон академийы æмæ колледжы студенттæ дæр. 200 æрыгон адæймаджы нæ фæтарстысты, «Сырх зонæ» кæй хоныц, уыцы хайадмæ бацæуынæй. Бирæ азты сæ зæрдыл бадардзысты сæ сæрмагонд уæлæдарæс æмæ сыл дæргъвæтин куысты фæстæ сæ цæсгæмттыл цы фæдтæ баззад, уыдон. Зæгъæн ис, æмæ сты нæ дуджы хъæбатыртæ. Семæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Ацы мидбылхудгæ æрыгон адæм хæрзæрæджы рацыдысты, рынæй рынчынтæ цы хайады вæййынц, уырдыгæй. Радон хатт рад хастой «Сырх зонæ«» кæй хонынц, уым. Цæгат Ирыстоны медицинон академийы æмæ колледжы  200 студенты барвæндонæй бафæндыд короновирусæй рынчынты дзæбæх кæнын. Уый агъоммæ сын бакастысты лекцитæ,  радтой фæлварæн æмæ уый фæстæ райдыдтой кусын.

Цæгат Ирыстоны медицинон академийы институты рауагъдон Ханайты Аленæ  хæрзæрæджы райста йæ дохтыры диплом, афæдз æмæ рдæг  та медицинон хойæ бакуыста республикон клиникон рынчындоны реанимацийы. Пандемийæйы рæстæг  Аленæ сфæнд кодта, чъизи фæзуат кæй хонын, уырдæм бацæуын.

Махъоты Георгий æмæ Абайты Аланæ ахуыр кæнынц 5-æм курсы, уыдон дæр нæ фæтарстысты рынæй æмæ барвæндонæй дзæбæх кодтой рынчынты. Зæгъынц, тæссаг куыд нæ у, фæлæ афтæмæй сæ фæлтæрддзинад кæны тыхджындæр.

Ног вирусæй рынчынтимæ кусын се ппæт студентты нæ бафæндыд. Бирæтыл сæ хæдзæртты тыхстысты, фæлæ дохтыр дохтыр у, цыфæнды рæстæг дæр.

Афтæмæй фæлтæрдджын дохтырты æмрæнхъ æрлæугæйæ, æмæ тæссаг низимæ тохгæнгæйæ, студенттæ æууæндын кæнынц, нæ фидæны нæм хорз дохтыртæ кæй уыдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania