филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
13 июля 2020, 16:12
Битарты Вячеслав æрдзырдта Кировы районы сæргълæууæг Нæкусаты Барисимæ

Сæ ныхасы размæ республикæйы сæргълæууæг бафарста коронавирусимæ баст хъуыддæгтыл районы куыд кусынц.

Социалон объектты райрæзт æмæ сæ хъомысдзинад, адæмы царды æмвæзад. Ацы æмæ æндæр фарстатыл республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æрдзырдта Кировы районы сæргълæууæг Нæкусаты Барисимæ. Сæ ныхасы размæ республикæйы сæргълæууæг бафарста коронавирусимæ баст хъуыддæгтыл районы куыд кусынц. 

Нæкуысаты Барис куыд загъта, афтæмæй сæ районы фæрынчын  200 адæймагæй фылдæр, цалдæрæй амардысты.  Сæрмагонд мадзæлттæн районы уæлæмхасæн фондæй радих кодтой 1 милуан 800 мин сомы, уыимæ 100 мин сомы та районы рынчындоны палатæтæ сифтонг кæнынæн. Пандемийæйы рæстæг цæрджытæн хойрагæй æххуыс кодтой амалхъом адæм дæр.  Ныхас ма цыд Ставд-Дурты, Иран æмæ Кæрдзыны хъæуты культурæйы хæдзæртты арæзтадыл. Дыууæ объектты хаст æрцыдысты 2021-æм азы национ проект «Культурæ»-мæ.

Кæрдзыны артдзæсты фæдыл та нырма цæттæ кæнынц гæххæттытæ. Фидæны аз Ставд -Дурты национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты аразын райдайдзысты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъола 200 бынатæн. Уыимæ районы цалдæр скъолайы та скæндзысты цалцæг. Ацы аз та Кæрдзыны хъуамæ скуса ног амбулатори, хъæуы специалисттæн сараздзысты 10 цæрæнуаты. Даргъ-Къохы та цъæх арвы бын аразынц дыууæ спортивон фæзуаты. Змейкæйы  хи æмæ паддзахадон æмгуыстады фæрцы сараздзысты спортивон зал. Ираны рæвдауæндоны та самайдзысты уæлæмхасæн бæстыхай. Æдæппæтæй Кировы районы ацы аз фæзындзæн 52 объектты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania