15 июля 2020, 16:59
Машинæты фæндаджы 78-æм километры уаццагыл Камбилеевкæйы цæугæдоны сæрты хиды арæзтад цæуы дарддæр
42 метры арæзтад раивдзæн, ивгъуыд æнусы 50-йæм азты цы хид арæзт æрцыди, уый
Мæздæг – Чермен – Дзæуджыхъæуы машинæты фæндаджы 78-æм километры уаццагыл Камбилеевкæйы цæугæдоны сæрты хиды арæзтад цæуы дарддæр. 42 метры арæзтад раивдзæн, ивгъуыд æнусы 50-йæм азты цы хид арæзт æрцыди, уый. Абон йæ техникон гæнæнтæ домæнтæн дзуапп нал дæттынц.
Куыстытæ æххæст кæнынц организаци «Техоснащение»-йы специалисттæ. Абоны онг дзы бирæ хъуыддæгтæ конд æрцыди. Ныр сæйраг куыстытæ кæнынц фæндæгтæ аразджытæ. Хиды цур ма саив кæндзысты Ольгинскæмæ фæзилæны фæз дæр. Куыстытæ кæронмæ кæм фæхæццæ кæнынц, уыцы уаццаг у 800 метры. Аразджыты размæ æвæрд ис хæс, 7 мины æмæ 5 сæдæ квадратон метры