филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
16 июля 2020, 16:47
Абон 70 азы æххæст кæны Къесаты Мæхæмæты фырт Станиславыл

Республикæйы кадджын хъæбул райгуырд Дигорайы, ЦИПУ-ы юридикон факультеты рауагъдон йæ дæсныйад зæрдæйæ бауарзта

Абон 70 азы æххæст кæны Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондоны сæрдар, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист, юридикон наукæты кандидат Къесаты Мæхæмæты фырт Станиславыл. Республикæйы кадджын хъæбул райгуырд Дигорайы, ЦИПУ-ы юридикон факультеты рауагъдон  йæ дæсныйад зæрдæйæ бауарзта. Æмæ кусгæйæ бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Ныр дæр йæ фæлтæрддзинадæй Станислав хайджын кæны кæстæр фæлтæры.

Разамынд дæтты Паддзахадон историйы æмæ теорийы кафедрæйæн. Йæ архайды сæйрагдæр къабæзтæ сты республикæты парламентты хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын, Уæрæсейы – Хуссар парламентон ассоциацйы, уым разамынд дæтты Цæгат Ирыстоны делегацийæн. Куыд депутат, афтæ стыр æвæрæн бахаста æмæ хæссы закъонæвæрынад фидар кæнынмæ, йæ бахъахъхъæнынмæ, стæй нациты хсæн ахастдзинæдтæ фидар кæнынмæ.

Бирæ хæрзиуджыты хицау Къесаты Станиславы  бирæ азты фæкуыста парламенты сæрдары хæдивæгæй.  Йæ дæсныйады дзуапп цы фарстайæн не ссардзæн ахæм, æвæццæгæн нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania