филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 суббота, 28 сентября 2024
22 июля 2020, 12:43
Инвалид Любовь Макунева 4 азы нæ уыд сыгъдæг уæлдæфы

Фæлæ уый йæ царды стырдæр хъæндзинад нæу

1-æм къæпхæны инвалид Любовь Макунева 4 азы нæ уыд сыгъдæг уæлдæфы. Фæлæ уый йæ царды стырдæр хъæндзинад нæу. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ цы хæдзары цæры, уый цар ныккæлыны æвонг у. Уымæй – сывæллоны пуртийы цæфæй дæр. Цæмæй йын ис баххуыс кæнæн, уый равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къор.

Любовь Макунева æхсæз азы размæ Дзæуджыхъæуы нымад  уыди раззагдæр хуыйджытæй иуыл. Йæ куыстæй йын-иу разы уыдысты  æмæ йын-иу аргъ скодтой  æрмæст Дзæуджыхъæуы хуымæтæг адæм нæ, фæлæ  раззагдæртæ дæр. Хъысмæтхæссæг ын сси иунæг æхсæв.

Алыхуызон анализтæ æмæ æндæр йе  уавæр   фæхуыздæр кæныны фæдыл мадзæлтты фæстæ дохтыртæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй  йе  нæниздзинад фæцудыдта хæцгæ низы тыххæй. Операци, уый фæстæ цалдæр  реабилитацион курсы. Йæхи-иу хуыздæр æнкъарын бæргæ райдыдта… Фæзындис æм фидæны ныфс дæр, йæ креслæйæ кæй сыстдзæн… Фæлæ та -иу  хæдзармæ æрбаздæхгæйæ йе нæниздзинад фæцудыдта…Уымæн æмæ йæ царды уавæртæ хуыздæр хъуаг уыдысты…

Йæ цæрæн бынат- зæронд самандурæй амад  хæдзары уат  дæс квадратон метры…Уый дæр æм æрхауд йæ мад æмæ фыды ныййарджытæй.  Ацы аз бæстыхайыл æххæст кæны сæдæ азы.

Любовь Макунева йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй  йæ зæрдæ дæры æрмæстдæр йæхиуыл. Нæй  йæм  фæкæсæг æхцайы фæрæзтæй дæр. Уымæ гæсгæ,  исты бакусыны охыл цавæрдæр амæлттæй, кæд ын æнцон нæу,   дæрддæр кæны хуыйæджы куыст. Цыдæр ныфс ма йын вæййынц йæ сыхæгтæ.

Любæйы хæдзар  ис  тынг æдзæллаг уавæры. Уазæл фæззыгон, кæнæ зымæгон рæстæджытæ  тынг тæссаг сты ацы хæдзарæн… Йæ бон  – у æмæ ныккæла..

Фæстаг фондз  азы дæргъы  йæм æхцайы  фæрæзтæй фæкасти хицауад… Фæлæ уыцы  æххуыс уыйбæрц нæ уыди æмæ йын сфаг уой  йæ цæрæн бынат исты хуызы сцалцæг кæнынæн…Хорз уаид, бæрнон кусджытæ ацы фарстамæ се ргом куы раздахой, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania