Ис дзы, 100 баллтæ чи райста, ахæм рауагъдонтæ
Зонындзинæдтæ уæлдæр æмвæзадыл. Цæгат Ирыстоны бахыгътой иумæйаг паддзахадон фæлварæны бæрæггæнæнтæ литературæйæ, информатикæйæ æмæ географийæ. Ис дзы, 100 баллтæ чи райста, ахæм рауагъдонтæ. Æппæты фылдæр баллтæ литературæйæ райстой æртæйæ. Бирæ рæстæг рауагъдонтæ анализ кодтой прозæйæн, лирикæйæн, сæхæдæг фыстой нывæцæнтæ æмæ текстытæ. Се хсæн ис Диана Саркисова дæр. Йемæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд.
Къулыл бирæ азты лæмбынæг фæллойы æмæ сфæлдыстадон æнтыстдзинæдты æвдисæндартæ, бирæ конкурсты æмæ олимпиадæты хæрзиуджытæ. Диана Саркивова у алывæрсыг курдиатджын чызг. Зары, фыссы… Дианæ каст фæцис Дзанайты Азанбеджы номыл Дзæуджыхъæуыаивæдты училищæ.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæны литературæйæ 100 баллы кæй æрæмбырд кодта, уый Дианæ базыдта ахуыргæнæджы хъусынгæнинагæй. Фыццаг æй уырнгæ дæр нæ бакодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ зæрдæ дардта бæрзонд баллтыл, фæлæ æппæты фылдæр баллтæ райсдзæн, уый æнхъæл нæ уыди.
Ахæм зондахаст æмæ ахæм хъуыдытимæ Дианæ æрмæст фæлварæнтæ дæттыны хъуыддагмæ нæ кæсы, фæлæ царды æндæр фæзилæнтæм дæр. Ис æм бирæ бæллицтæ. Зæгъæм, Бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иумæ бацæуын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фæлварæнтæм цæттæ кодта зæрдиагæй, æрвылбон æмæ удуæлдай ахуырты фæрцы. Цæттæ кодта куыд йæхи хъæппæрисæй, афтæ репетитортиæ. Уый дæр уый тыххæй, цæмæй дызæрдыг мацæуыл кæна. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæ йæ мæт уыди дзæгъæлы. Уацмыстæ иууылдæр каст, уæдæ сæ хи хъуыдытæй радзурын та Дианæйæн зын никуы уыди. Цы уæлдæр ахуыргæнæндон равзæрста, уый хæдзары банымадтой хрзыл. Дианæйы мад зыгъы, бирæ баллтæ йын кæй радтой йæ чызгæн, уымæ æнхъæлмæ касти. Уымæн æмæ йæхи цæттæ кодта æрвылбон, уыимæ лæмбынæгæй. Уырыссаг æвзагæй æрæмбырд кодта 96 баллы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йын ныр ис уавæртæ æмæ гæнæнтæ йæ бæллиц сæххæст кæнынæн.
Дианæ ныр йæ тыхтыл æфтаудзæн нодждæр тынгдæр. Гыццыл йæ фæллад суаддзæн, æмæ та фæстæмæ æрлæудзæн йæ ахуыры фæндагыл. Дизайны факультетмæ бацæуыны тыххæй ныр йæхи цæттæ кæндзæни сфæлдыстадон конкурсмæ.




