филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
23 июля 2020, 12:35
Цæгат Ирыстон бацархайдта æппæтуæрæсеон акци «Телефоны – фронтовикам»-ы

Стыр Уæлахизы 75 азы кадæн парти «Иугонд Уæрæсейы» æмæ «Уæлахизы волонтерты» минæвæрттæ фронтовиктæн дæттынц лæвар бастдзинадимæ чырæ хæтæлтæ

Цæгат Ирыстон бацархайдта æппæтуæрæсеон акци «Телефоны – фронтовикам»-ы. Стыр Уæлахизы 75 азы кадæн парти «Иугонд Уæрæсейы» æмæ «Уæлахизы волонтерты» минæвæрттæ фронтовиктæн дæттынц лæвар бастдзинадимæ чырæ хæтæлтæ. Фыццæгтимæ лæвæрттæ райстой хæсты архайджытæ Мамсыраты Ислам æмæ Хуыбаты Варварæ. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ æххæстгæнгæйæ сыл сæ лæвæрттæ сæмбæлын кодта партийы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур. Акцийы фæлгæты мобилон аппараттæ райсдзысты Цæгат Ирыстоны се ппæт ветерантæ дæр, сты 130. Хæтæлтæ сын сифтонг кодтой хъæугæ номыртæй. Ацæргæ адæм бахъуаджы рæстæг сæхæдæг бадзурдзысты тагъд æххуысмæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania