филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
30 июля 2020, 13:16
Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ туг дæттынц акци «30 хæлар хъуыддаджы» фæлгæты

Баст у, министрады архайдыл 30 азы кæй сæххæст, уыимæ

Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ туг дæттынц акци «30 хæлар хъуыддаджы» фæлгæты. Баст у, министрады архайдыл 30 азы кæй сæххæст, уыимæ. Донортæ туг дæттынц зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ, уыимæ фыццаг хатт нæ. Бирæтæ дзы туг дæттынц бирæ азты дæргъы, фæлæ дзы ис ахæмтæ дæр, фыццаг хатт чи рбацыди тугдæттыны центрмæ. Акцийы архайдта æнæнхъæлæджы цауты министрады кадджын донор Гæдзаццаты Игорь дæр. Туг радта 50 хатты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, искæмæн баххуыс кæнын адæймаджы бон куы уа, уæд дзы иувæрсты цæуын нæ хъæуы. Туджы алы 450 миллилитры дæр фервæзын кæндзысты адæймаджы цард. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania