филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
30 июля 2020, 13:59
Сæ цæрыны уавæртæа сты æркæсинаг

Ацы хатт сæ уавæртæй тыхсынц Морских пехотинцевы уынджы 9-æм хæдзары æмæ Бразы-фырты æмдзæрæны цæрджытæ

Фæстаг рæстæг нæ редакцимæ хъæстытæ æрбацæуы, адæм цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстæй разы кæй не сты, уымæй. Ацы хатт сæ уавæртæй тыхсынц Морских пехотинцевы уынджы 9-æм хæдзары æмæ Бразы-фырты æмдзæрæны цæрджытæ. Бæстыхæйттæ домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Адæмыл æвзæрырдæм зынынц се нæниздзинадыл. Хабæрттæ бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтыхъты Фатимæ.

Морских пехотинцевы уынджы 9-æм хæдзар хаст æрцыди бындурон цалцæджы федералон программæмæ. Куыстытæ дзы райдыдтой ивгъуыд азы фæззæджы. Аразджыты размæ уыди хæсæвæрд: бæстыхайы сæр аивын, пъадвал æмæ бацæуæнтæ сцалцæг кæнын, стæй сæйраг дуар аивын. Фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, хæдзарæн аивтой æрмæстдæр йæ сæр æмæ электрон тыхдæттæн системæ. Ныр та цæрджытæ хъаст кæнынц пъадвалæй тæф кæй цæуы, уый.

Хæтæлтæ дзы сты зæронд, хæдзары цæрджытæ кърантытæй цы дон цæуы, уый нæ нуазынц. Дон æлхæнынц дуканиты, кæнæ та йæ ныссыгъдæг кæнынц алы уавæртæм гæсгæ.

Сæ царды уавæртæй разы не сты, Бзары-фырты уынджы æмдзæрæны цæрджытæ дæр. Ныр æртæ азы адæм цæрынц, сæ цартæ кæмæн тæдзынц, ахæм фатерты. Пъолтæ уымæл æмæ æдзух бырынцъаг.

Ахæм уавæры æмдзæрæн ис ныр æртæ азы. Хæтæлтæ атыдтой цалцæггæнæн куыстыты фæстæ. Цæрджытæн ныххуылыдз вæййынц сæ хæдзары дзаумæттæ. Се нæниздзинадыл æвзæрырдæм зыны  уымæлы тæф. Чидæртæ дзы тыхсын райдыдтой сæ улæфæнтæй.

Фæлæ хæтæлты фарста иунæг къуылымпыдзинад нæу хæдзары. Адæмæн пъадвалмæ ныххизын нæу сæ бон. Хицæн ныхасы аккаг у электрон тыхы уавæр. Арæх рухс ахуыссы. Бирæ бинонты та ис сабитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania