филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 28 сентября 2024
04 августа 2020, 15:19
Дзæуджыхъæуы цалдæр микрорайоны бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц сæ кæртыты санитарон уавæрæй

Ацы уавæр равзарыныл бацархайдтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ

Дзæуджыхъæуы цалдæр микрорайоны бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц сæ кæртыты санитарон уавæрæй. Бæлвырддæр та арæх  контейнертæ бырæтты обæуттæй кæй нал фæзынынц, æмæ æвзæр тæф кæй цæуы, уымæй. Иуæй-иу хæдзæртты кæртыты та уæвгæ дæр нæй контейнертæ, æмæ бырæттæ æмбырд кæнынц зæххыл. Ацы уавæр равзарыныл бацархайдтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ.

Æвзæр тæф, чъизи æмæ бырæтты обæуттæ. Фыццаг бакастæй дæр бæрæг у, ацы фарста иу бонмæ кæй нæ сæвзæрд, уый. Ахæм ныв фенæн ис Гугкайы-фырты 65-æм хæдзары кæрты. Икъаты Роман цæры йæ фарсмæ, æмæ ауылты арæх фæцæуы. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы ран æппынæдзухдæр вæййы ахæм уавæр, уымæн æмæ сыхаг хæдзæртты нæ фаг кæнынц бырæтты контейнертæ.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ экологон рейдтæ арæх саразынц. Байхъусынц адæмы хъæстытæм, æмæ сæм раздахынц бæрнон структурæты ргом. Афтæ рауад Ватутины уынджы. Ам фæндаджы былгæрон фæзындысты бырæтты обæуттæ. Уымæн æмæ ацы ранмæ сæ бырæттæ хастой канд хæдзæртты цæрджытæ нæ, фæлæ ма æцæгæлон адæм дæр. Ныр та контейнертæ сæвæрдзысты кæрты. 

Иннæ ахсджиаг фарста – арæзтадон бырæттæ æрвылбоны хауæццæгтимæ кæй сæмхæццæ вæййынц, уый. Специалисттæ ма иу хатт зæрдыл лæууын кæнынц, контейнерты йæ æппæрæн кæй нæй, уый.

Æхсæнадон кусджытæ зæгъынц – специалистты бафтыдтой æнæзакъон бырондæттæ сæхи хъарутæй бафснайыныл. Уыдон тынг арæх сæвзæрынц уæлмæрдты раз.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ сидынц адæммæ, цæмæй æххæст кæной хуымæтæг дисциплинарон домæнтæ. Кæннод сын фидын кæндзысты ивар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania