филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
05 августа 2020, 12:28
Ацы азы райдианæй Цæгат Ирыстоны заууат цæрæнуæттæй ног хæдзæрттæм ралыгъдысты 38 бинонтæ

Уый тыххæй хъусын кæны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад

Ацы азы райдианæй Цæгат Ирыстоны заууат цæрæнуæттæй ног хæдзæрттæм ралыгъдысты 38 бинонтæ. Уый тыххæй хъусын кæны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад. Ног цæрæнуæттæ райстой регионалон программæ æххæст кæнгæйæ. Фарон йæ домæнтæм гæсгæ ног фатертæм ралыгъдысты фараст бинонтæ. Æдæппæтæй та программæ цалынмæ кусы, уæдмæ ног цæрæнуæттæ райсдзысты 54 бинонтæ. Ныртæккæ уал уыцы нысан æххæстгонд æрцыдис 45 бинонтæм. Программæйы фароны архайджытæн фатертæ радтой Хъесайы-фырты æмæ Хæдарцаты Асланы уынгты. Ацы аз та ног цæрæнуæттæ ратдзысты Хъæбæлоты Билары уынджы. Фатертæ сты иттæг хорз уавæры. Алы хæдзары дæр ис хицæн хъармгæнæн системæ – бафиппайдтой ведомствойы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania