Кадджын мадзал арæзт уыд Мæздæджы æфсæддонты-интернационалистты номыл парчы, уæлдæфон-десантон æфсады фыццаг командæгæнæг Василий Маргеловы цыртдзæвæны цур
Мæздæджы, десантон службæйы ветеранты схорзæхджын кодтой уæлдæфон-десантон службæйы 90 азы юбилейон майдантæй. Кадджын мадзал арæзт уыд Мæздæджы æфсæддонты-интернационалистты номыл парчы, уæлдæфон-десантон æфсады фыццаг командæгæнæг Василий Маргеловы цыртдзæвæны цур. Архайдтой дзы ветерантæ, хицауады минæвæрттæ æмæ районы æхсæнад. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Епископ Леониды арфæтæ бакаст мæздæггаг аргъуанты зылды протоиерей Артемий Пономаренко. Бынæттон цæрджытæй æфсады кадджындæр рæнхъыты чи службæ кодта, уыдон сты сæрыстыр. Ацы бæрæгбоныл та традицимæ гæсгæ сæмбæлдысты се фсæддон æмбæлттимæ.