филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 суббота, 28 сентября 2024
06 августа 2020, 12:13
Пенсион фонд адæмы зæрдыл лæууын кæны, мадæлты капиталæй бафидæн кæй ис бинонты кæцыфæнды сывæллоны ахуырæн дæр

Капитал ис схардз кæнæн скъолайы агъоммæйы ахуырадыл

Пенсион фонд адæмы зæрдыл лæууын кæны, мадæлты капиталæй бафидæн кæй ис бинонты кæцыфæнды сывæллоны ахуырæн дæр. Капитал ис схардз кæнæн скъолайы агъоммæйы ахуырадыл. Уый тыххæй сывæллоныл 3 азы сæххæстмæ æнхъæлмæ кæсын ныр нал хъæуы. Уыимæ, мадæлты капиталæй бафидæн ис æмдзæрæны аргъ, кæд студент æндæр горæты цæры, уæд. Сертификаттæ цы программæмæ гæсгæ дæттынц, ууыл ис стыр хæсæвæрд. Йæ нысан у бæстæйы демографион уавæр фæхуыздæр кæнын. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг рæстæг ноггуырдты нымæц кæны фылдæр. Ныййарджытæн сæ фылдæры фæфæнды æхцайы фæрæзтæ схардз кæнын сæ цæрæнуæттæ фæхуыздæр кæныныл, стæй сæ хистæр сывæллæтты ахуырадыл. Бафтаудзыстæм ма уый дæр, æмæ фиддонты бæрц ацы аз у 466 мины æмæ 617 сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania