филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
11 августа 2020, 11:37
Йе 85 азы юбилей бæрæг кæны республикæйы ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан

Кадджын хистæрæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав

Йе 85 азы юбилей бæрæг кæны авиацийы инæлар-майор, фыццæгæм къласы тæхæг, республикæйы ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан. Кадджын хистæрæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. «Дæ цардвæндаг у ирд æмæ рæсугъд дæнцæг рæзгæ фæлтæрæн. Дæхиуыл нæ ауæрдгæйæ кусыс Уæрæсе æмæ Ирыстоны хæрзæбонæн. Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй ма бирæ азты дæ зонд æмæ уæздандзинадæй лæггад кæнай нæ бæстæйæн» — загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг. Къаболаты Солтанæн раарфæ кодта Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты запасы офицерты национ иугонды сæрдар Владимир Зарицкий. Куыд бахахх кодта, афтæмæй Солтаны фæрцы цæгатирыстойнаг ветеранты змæлд банкъардта ног комулæфт. Уый фæдыл Иугонд рахаста бардзырд, цæмæй снысан кæной сæрмагонд майдан «Къаболы-фырт Авиацийы инæлар-майор». Фембæлды рæстæг Къаболаты Солтанæн хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы уынаффæмæ гæсгæ радтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мысæн майдан. Битарты Вячеслав ма уазджытæн балæвар кодта национ зæрдылдарæн лæвæрттæ – бæгæныйы къустæ æмæ сувениртæ. Фембæлды ма ныхас цыд æфсæддон-патриотон хъомылады рæзтыл, Дзæуджыхъæуы Суворовон училищæйы ног комплексы арæзтадыл æмæ æндæр ахсджиаг темæтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania