филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
12 августа 2020, 18:05
Тускъаты Таймураз сæрдариуæг кодта, афтæмæй ныхас цыд сывæллæтты æнæниздзинады фарстатыл

Уыимæ ма республикон проекты бындур

Сбæрæг кæнын риссаг фарстатæ æмæ баххæссын ивддзинæдтæ. Тускъаты Таймураз дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй ныхас цыд сывæллæтты æнæниздзинады фарстатыл. Цы æмвæзадыл ис ацы лæггад, æмæ цавæр аххосæгтæм гæсгæ фылдæр сывæллæттæ мæлынц? Сæйрагдæр та куыд ис сабийы æнæниздзинад бахъахъхъæнын, уый тыххæй нæ программæйы æрмæджы.

Сывæллæты æнæниздзинад фидар кæныны фарста у нæ республикæйы паддзахадон æмæ ахсджиагдæр фарстатæй иу. Уыимæ ма республикон проекты бындур. Царды йæ æххæст кæнын райдыдтой фарон. Нысанмæ арæзт программæйы фæстиуджытæ хъуамæ уой медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад, дохтырты фæлтæрддзинад, медицинон кусæнуæтты нырыккон техникон кусæнгæрзтæй ифтонгдзинад. Уыдон æппæт дæр кæрæдзиимæ баст сты æмæ хъуамæ хуыздæрырдæм фæзыной сывæллæтты æнæниздзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы. Ууыл ныхас цыд Тускъаты Таймуразы разамындæй арæзт æмбырды.

2019-æм æмæ 2020-æм азы фыццаг æмбисы нысанмæ арæзт программæйы хатдзæгты тыххæй радзырдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй программæ кæдæй кусы, уæдæй нырмæ цы фараст нысаны фæбæрæг кодтой, уыдонæй сæххæст кодтой аст. Риссагдæр фарстаты рæнхъы ис ноггуырд сывæллæтты мæлæт.

Министр Годжысаты Тамерлан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уый аххосаг у иуæй-иу рынчындæтты сылгоймæгты консультацитæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусынц, уый. Ныхас цыд Мæздæджы районы рынчындоныл. Уый баст у, специалисттæ сæм кæй нæ фаг кæны, уыимæ. Фиппаинæгтæ хаст æрцыд Горæтгæрон районы рынчындонмæ дæр. 2020-æм азы уавæр асæттын бантыст. Министр куыд загъта, афтæмæй ведомствæ цы мадзæлттæ сарзæта, уый дæр сыл хуыздæрырдæм фæбæрæг.

Министр фехъусын кодта, нæ республикæйы фаронæй нырмæ дыууæ сæдæ цыппор хатты кæй скодтой ЭКО æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фæрæзтæй.

2020-æм азы процесс фæмынæг кодта пандемия. Æмбырды ма ныхас цыд фылдæр акушертæ æмæ сылгоймæгты дохтырты бацæттæ кæныныл. Æдæппæтæй фарон уæлæмхасæн профессионалон ахуырад райстой 63 специалисты. Ацы аз республикон фæрæзты нысанон ахуырадмæ гæсгæ ординатурæ фæуыдзысты 4 дохтыр-неонатологы. Фидæнмæ дæр сфидар кодтой 21 бадзырды.

Ныхас ма цыд сывæллæтты медицинон кусæнуæтты материалон-техникон ифтонгдзинадыл. Ам министр фæбæрæг кодта специалисттæм фаг фæлтæрддзинад кæй нæй, ахæм нырыккон кусæнгæрзтыл кусынмæ. Тускъаты Таймураз загъта æргом ныхасы кæй ис бахынцын лыггæнинаг фарстатæ æмæ сыл æмдыхæй бакусын.

Цæмæй уыцы хъуыддаг дарддæр рæза, уый тыххæй хъæуы бакусын фылдæр акушертæ æмæ сылгоймæгты дохтырты бацæттæ кæныныл.  Æмбырды куыд бафиппайдтой, афтæмæй ныртæккæ регионы хъæуы саразын сывæллæтты рæуджыты низты диспансер æмæ ноггуырдтæм цæсдарæн центр. Уымæй уæлдай фехъусын кодтой, кæронмæ кæй фæхæццæ кæны сывæллæтты поликлиникæйы арæзтат æмæ соматикон корпусы рацарæзт. Тускъаты Таймураз бæрнон адæймæгтæн бабар кодта, цæмæй цы фарстатæ фæбæрæг кодтой, уыдон алыг кæныныл бæстон бакусой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania