филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 суббота, 28 сентября 2024
12 августа 2020, 18:09
Республикæйы цæрджытæ сабыргай здæхынц сæ раздæры царды фæткмæ

Æппæтæй кæстæрæн та гом кæнынц ирхæфсæн æмæ фæлладуадзæн зонæтæ

Æнуд фатерты бæсты сыгъдæг уæлдæфы атезгъо кæнын хуыздæр у. Республикæйы цæрджытæ сабыргай здæхынц сæ раздæры царды фæткмæ. Æппæтæй кæстæрæн та гом кæнынц ирхæфсæн æмæ фæлладуадзæн зонæтæ. Уыимæ сæ куыст райдыдтой аттракционтæ æмæ сырддон. Сæйраг нысан у – æдасдзинады санитарон мадзæлттæ æххæст кæнын, зæгъынц специалисттæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Дыууадæс аздзыд чызг Иринæ сырддоны цæрджытæм уазæгуаты æрбацæуынмæ рагæй бæллыди. Уæлдайдæр та æнхъæлмæ касти арсы лæппынтимæ фембæлдмæ. Цалдæр мæйы хæдзары бадын æнцон хъуыддаг нæ уыди. Æмæ йæ куы базыдта, Дзæуджыхъæуы сырддон скуыста, уый, уæд йæ хо æмæ йе фсымæримæ батагъд кодтой ардæм æрбацæуынмæ. Сырддонмæ йæ цоты æрбакодта Дыгъуызты Мальвинæ дæр. Пандемияйы размæ ам арæх уазджытæ уыдысты.

Æхгæд рæстæг сырддонæн фæци июлы райдиан. Уыцы мгъуыдмæ сæ куыст нæ фæмынæг, фæлæ йæм адæмæн цæуæн нæ уыди. Нырæй фæстæмæ та хистæр кары сывæллæтты æмæ хæрзчысыл сабитыл сырддонмæ бацæуæны сæмбæлы теуа Гуля. Æрмæст æнæмæнг хъæуы æдасдзинады санитарон мадзæлттæ æххæст кæнын.

Æнуд фатертæй æмæ хæдзары кæртытæй ныртæккæ дæр ма бирæты нæ ракæндзынæ, фæлæ уæддæр сырддоны лабиринтты атезгъо кæнын кæй фæнды, уыдоны нымæц дæр чысыл нæу.  Йæ фарсмæ сывæллæттæн цы ирхæфсæн фæз ис, уым дæр бирæ адæм нæй. Кæд æмæ дзы-иу раздæр къух бакæнæн нæ уыди, уæддæр. Нырма уал фæзы дуæрттæ сты æхгæд, æмæ Уаниты Тамиллæйы кæстæртæн аттракционтæ бафæлварын нæ бантыст.

Бынтон гыццыл сабитимæ чи тезгъо кæны, уыдонæн бацæттæ кодтой аив зонæтæ Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы. Коляскæтимæ чи вæййы, уыцы ныййарджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынат у Терчы былгæрон.

Ам уыцы-иу рæстæг цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Фæлæ йæ фæллад чи уадзы, уыдоны аразджытæ нæ хъыгдарынц. Рæхджы горæты парк се ппæты дæр суазæг кæндзæн ног аивгондæй.

Уæдæ Олимпаг парчы дæр се ппæт аттракционтæ не скуыстой. Пандемияйы аххосæй сезон райдыдта сæрды астæу. Фароны хуызæн дзы бирæ адæм нæ вæййы, фæлæ уæддæр сæ нымæц чысыл нæу, зæгъынц парчы кусджытæ. Алы райсом дæр фæзы бакæнынц дезинфекцион куыст. Уæлдай уарзондæр бынат у сывæллæтты бассейн.

Дзæуджыхъæуы фылдæрæй фылдæр кæнынц тезгъогæнæн зонæтæ æппæтæй кæстæр цæрджытæн. Специалистты сæйраг нысан у – æдасдзинадыл бакусын.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæй бирæтæ равзарынц  фистæгæйцæуджытæн горæты сæйраг уынг. Æрбацæуынц æнæхъæн бинонтæй. Хистæртæ уарзынц бандæттыл абадын, сывæллæттæ та  атындзынц фонтанты размæ. Ахæм улæфæн бонтыл горæты цæрджытæ рагæй сæнкъард сты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania