филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
12 августа 2020, 17:24
Йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы 11-æм форум «Машук»

Йæ архайджытæ сты Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы алы рæтты цæрæг 4 мин адæймаджы

Йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы 11-æм форум «Машук». Ацы аз цæуы онлайны хуызы. Йæ архайджытæ сты Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы алы рæтты цæрæг 4 мин адæймаджы. Ахуырадон программæты  фæрцы сæ фæлтæрддзинад фидардæр кæндзысты 3 тематикон фæлтæры дæргъы. Архайдзысты дæсныйадæвдисæг ахуырты, лекциты, хуыздæр специалистты арæзт интерактивон фæзуæтты æххæст кæндзысты сæрмагонд хæслæвæрдтæ, бахъахъхъæндзысты, Грант рамбулынмæ цы проекттæ бацæттæ кодтой, уыдон дæр. Интернеты тыгъдады канд раздæры традицитæ нæ бахъахъхъæдзысты, фæлæ ма сын фадат уыдзæн ног коммуникацион фæрæзты руаджы архайджыты географи  фæуæрæхдæр кæнынæн. Æнæмæнг уыдзæн фембæлдтытæ æхсæнадон архайджытимæ, амалхъом адæмимæ, культурæ æмæ аивады архайджытимæ. Ацы аз нæ республикæйæ форумы архайдзæн 290 адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania