12 августа 2020, 17:32
Æгуыст адæмы бон у афонæй раздæр пенсийы рацæуын, хъусын кæнынц Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайадæй
Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ бон куыст ссарын кæмæн нæу, уыдонæн 2 азы раздæр райдайдзысты пенси фидын
Æгуыст адæмы бон у афонæй раздæр пенсийы рацæуын, хъусын кæнынц Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайадæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ бон куыст ссарын кæмæн нæу, уыдонæн 2 азы раздæр райдайдзысты пенси фидын. Рагагъоммæ пенсийы рацæуыны фæндон хъæуамæ цæуа куыст дæттынын оргæнтæй. Уимæ уый размæ адæймагмæ хъуамæ уа 11 азы дæргъы фæдзæхстадон фæллой. Бæлвырд информа райсæн ис пенсион фонды телефоны номырмæ бадзургæйæ – 51-80-92