филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
13 августа 2020, 11:43
Езеты Петрæн республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ радтой «Ирыстоны Намысы» майдан

Хæрзиуæг Езейы-фыртыл кадджын уавæры сæмбæлын кодта Цæгат Ирыстоны «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан

Кады аккаг. Радон хæрзиуæг сæмбæлд йæ хицауыл. Ирыстоны кадджындæр хистæртæй иу, ирон  трацитæ æмæ æгъдæудтæ фæлтæртæм хæссæг, куысты ветеран Езеты Петрæн республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ радтой «Ирыстоны Намысы» майдан. Хæрзиуæг Езейы-фыртыл кадджын уавæры сæмбæлын кодта  Цæгат Ирыстоны «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан. Раарфæ йын кодта йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй хъæууон хæдзарады къабазы. Загъта ма, Петр стыр æвæрæн кæй хæссы советы куыстмæ дæр. Езеты Петр 80 азы размæ райгуырд Æрæфы районы Гæлиаты, бирæсывæллонджын бинонты.  Æрыгонæй куыд райдыдта фæллой кæнын колхозы, афтæ дарддæр дæр йæ удвæллойы фæрцы, республикæйы хæдзарæдтæн разамынд  дæтгæйæ, куыста сæ райрæзтыл. Езеты Есойы фыртæн йе 80 азы фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Ирыстоны районты кадджын адæм, стæй йæ арфæйаг кæстæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania