Ныхас цыд адæймаджы, сывæллæтты æмæ амалхъом адæмы бартыл
Мæздæджы районы арæзт æрцыд цæрджытимæ фембæлд. Ныхас цыд адæймаджы, сывæллæтты æмæ амалхъом адæмы бартыл. Цгъойты Тамерлан, Кокоайты Артур æмæ Медойты Тимур Мæздæджы районы цæрджытимæ ныхас кодтой, æппæт санитарон домæнтæ хынцгæйæ. Бæрнон кусджытимæ аныхас кæнынмæ æрбацыди 20 бынæттон цæрæджы. Уыимæ уыдысты алы кары, дæсныйады æмæ социалон уавæры минæвæрттæ. Иуæй-иутæ хъаст кодтой паддзахадон хицаудзинады оргæнтæй. Иннæтæ та тыхсынц сæ цæрыны уавæртæй. Фæлæ фылдæр фарстатæ баст уыдысты адæмы бартæ хъахъхъæнынимæ. Æргом ныхасы архайдтой районы пъæлицæйы хайады кусджытæ стæй Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Геннадий. Бирæ фарстаты тыххæй ныридæгæн бæрнон структурæтæ райдыдтой бæрæггæнæн куыст кæнын.