филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:20 суббота, 28 сентября 2024
18 августа 2020, 13:52
Йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук – 2020»

Цæгат Ирыстонæй форумы архайынц 290 адæймаджы

Йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук – 2020». Ацы аз у интерактивон. Онлайн хуызы йæ сарæзтой пандемияйы тыххæй. Дардмæ архайд фадат дæтты Цæгат Кавказы æппæт регионтæн архайынæн. Лекцитæм хъусын æмæ хи проекттæ хъахъхъæнæн ис хæдзары бадгæйæ дæр. Форумы 3 фæлтæры цæудзысты 26-æм августы онг. Фылдæр баллтæ чи æрæмбырд кæна, уымæн йæ бон уыдзæн 4-æм фæлтæры архайын. Уый та уыдзæн Пятигорскы 15-æмæй – 20-æм сентябры онг. Цæгат Ирыстонæй форумы архайынц 290 адæймаджы.  Бæлвырддæр радзурдзæн Томайты Батраз.

Гуцаты Азæмæт йæ проект грант райсынмæ фыццаг хатт нæ балæвæрдта. Фæрæзтæ йæ хъуыди, цæмæй йæ хъæппæрис царды рауадза, уый тыххæй. Фарон йе мбæлттимæ сфæнд кодтой цыбыр видеонывтæ исын, цæмæй фæсивæд фылдæр се ргом спортмæ здахой, уый тыххæй. Уæд сын фæрæстмæ, æмæ та сæм ныр фæзынд ног хъуыдытæ – фæсивæды фидæны дæсныйæдтыл ахуыр кæнын.

Цымыдисаг форматмæ гæсгæ лекцитæм хъусæн ис интернеты фæрцы. Проекттæ хъахъхъæнын онлайн хуызы фыццаг хатт райдыдтой.

Козаты Джульеттæ та фæсивæдон форум «Машук»-ы фыццаг хатт архайы. Æрыгон чызг æм бацæттæ кодта проект «Цъæх фæткъуы». Уый у студентон фестиваль, æмæ арæзт фæцæуы алы аз дæр Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты.

Ацы аз форум арæзт цæуы дистанцион хуызы. Джульеттæйы хъæуы йæ проект бахъахъхъæнын. Жюрийы раз æрлæудзæн онлайн хуызы. Презентацийæн дæттынц 5 минуты.

Проекты сæйраг нысан у – студентты курдиат раргом кæнын. Вокал, хореографи, театралон инсценировкæтæ. Æнæмæнг хъæугæ дисциплинæтæ дзы нæй. Алы студентæн дæр йæ бон у равзарын кафт, кæнæ зарæг.

Джульеттæ йæ зæрдæ дары цалдæр æнтыстдзинадыл. Канд грант рамбулыныл нæ, фæлæ ма йе рхъуыдыгонд «Цъæх фæткъуы» фидæны аз ног, егъаудæр æмвæзадыл кæй ацæудзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania