филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
20 августа 2020, 13:36
Æрæфы районы дарддæр куыст цæуы адæмы æнцондзинадыл, стæй хъæуы аивдзинадæн мадзæлттыл

Цыколамæ бацæуæны аразынц Уæлахизы Парк

Æрæфы районы дарддæр куыст цæуы адæмы æнцондзинадыл, стæй хъæуы аивдзинадæн мадзæлттыл. Цыколамæ бацæуæны аразынц Уæлахизы Парк. Районы ветеранты кæддæры бæллиц, абон царды йæ бынат ары. Куыдæй? Уый базыдта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Раст зæгъгæйæ, Æрæфы районмæ балцы рæстæг ацы æрмæг сисыны фæнд нæ кодтам. Фæлæ  ацы бынаты онг куы æрбахæццæ стæм,  уæд нæ бон не рлæууын нæ баци. Хорз æй хъуыды кæнын æм  адаг  кæй уыд, уый. Уымæй диссагдæр та, ам сæ радон кустыты цыдмæ æркасты рæстæг æрбаййæфтам районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омары. Куыд зæгъы афтæмæй, ацы ранæн ис йæхи ахадындзинад Цыколайы.

Парк конд цæуы, Федералон программæ «Формирование городской среды» -мæ гæсгæ. Арæзт цæуы дыууæ къæпхæнæй. Ацы аз уал æхца дихгонд æрцыд куыстыты фыццаг хайæн.

Спортæй архайджытæн та дзы, сараздзысты спортивон фæзтæ. Куыд тренажертимæ, афтæ мини футболай хъазæн бынат дæр. Ацы ран ма  аразæн уыдзæн патриотон хъомыладимæ   баст мадзæлдтæ. Паркмæ бацæуæны фæндæ кæнынц саразын мемориалон комплекс.

Хорз хъуыддæгтæ царды сæ бынат кæй арынц, ууыл æууæндгæйæ Федералон программæтæм гæсгæ дихгонд цæуынц фæрæзтæ ахæм амæлттæ кæнынæн.

Æрæфы районы ма кусын райдæдтой къахвæндæгтæ аразыныл. Бирæ рæстæг дзы тротуартæ нæ уыд, ныр Цыколайы, стæй районы æндæр хъæуты дæр бавнæлдтой, уыцы хъуыддагмæ. Лагкуыты Омары ныхæстæм гæсгæ, сæ фæрцы æдас дæр уыдзæн скъоладзаутæн, стæй иннæ фистæгæйцæуджытæн фæндагыл  цæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania