филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
28 августа 2020, 20:59
Фæкæсынхъуаг бинонтæй 200 сывæллонæй фылдæры бацæттæ кодтой ног ахуыры азмæ

Акци арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысы фæрцы

Фæкæсынхъуаг бинонтæй 200 сывæллонæй фылдæры бацæттæ кодтой ног ахуыры азмæ. Акци арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысы фæрцы. Сывæллæттæн балæвар кодтой скъоладзауы уæлæдарæс, канцелярон товартæ, пъартфелтæ. Уый та бинонтæн у ахадгæ æмæ афоныл æххуыс, зæгъынц ныййарджытæ. Зæгъæм Сохиты Еленæйæн ис 6 сывæллоны. Уыдонæй 3 сты скъоладзаутæ. Ног ахуыры азмæ сæ бацæттæ кæнын у тынг зын, зæгъы бирæсывæллонджын мад. Уымæ гæсгæ æххуысы курдиат барвысты парти «иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайадмæ. Уыдон ныр цæппæрæм аз æххуыс кæнынц Гацолаты Викторияйæн йæ дыууæ сывæллоны 1-æм сентябрьмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Хистæр лæппу ахуыр кæны 8-æм къласы, чызг та – 5-æм къласы. Уæвгæ, хæрзаудæн акцийы фæрцы «Баххуыс кæн сывæллоны скъоламæ», ахсджиаг æххуыс цæуы фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн. Уæдæ стыр æргом здахынц, царды зын уавæрты чи бахауд, ахæм бинонтæм дæр. Партийы уæнгтæ куыд радзырдтой, афтæмæй архайынц, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр бинонтæн баххуыс кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania