филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
01 сентября 2020, 14:14
Уæрæсейы сбæрæг кодтой шахетры бон

Цæгат Ирыстоны ацы дæсныйад фæзынд 18-æм æнусы астæу

Уæрæсейы сбæрæг кодтой шахетры бон. Цæгат Ирыстоны ацы дæсныйад фæзынд 18-æм æнусы астæу. Уæд хæхты кæнын райдыдтой зды æмæ цинчы куыст.  Уæлдай тынгдæр апарахат Советон рæстæджы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг та Садоны комбинат нæ бæстæ ифтонг кодта  ахсджиаг стратегион хомагæй. Шахтертæ бæрзонддæр кодтой кусæг дæсныйады кад. 21-æм æнусы райдиан Садоны хæххон-металлургон комбинатæн йæ куыст фæмынæг. Фæлæ йæ истори ууыл хъуамæ ма рлæууа, зæгъынц хæххон куысты ветерантæ. Темæйыл дарддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Реуазты Георгий Æрхоны рзæткъахæнтæм фыццаг хатт бахызт 50 азы размæ –  хæххон-метталлургон техникум каст куы фæцис, уæд. Райдыдта хуымæтæг кусæгæй æмæ 35 азы фæстæ та сси  куыстуатты сæйраг дзуаппдæттæг. Кæддæр хъазуатон фæллой цы тъунелы кодтой, уый ныр рохуаты аззад.  Афтæмæй та ацы шахтæты æнустæм баззадысты егъау  наукон промышленнон æнтыстдзинæдты æвдисæндартæ.

Мысинæгтæ бирæ сты. Зæххæн йæ 800 метры арфы цыд уæззаудæр куыст. Ранæй рæтты температурæ схызт 40 градусмæ. Фæлæ  бæстæйы, уыимæ та бинонты хорз цардыл хъуыдыгæнгæйæ зындзинæдтæ ницæмæ дардтой, зæгъы Георгий.

Уыцы рæстæг, æрзæткъахæн куыстутаты хъазуатон фæллой куы цыди, уæд шахтерты поселокты, уыимæ Мызуры дуканитæм хойраг æмæ уæлæдарæс ластой нæ бæстæйы сæйраг сахарæй. Алцыдæр уыд, цас хъæуы, уымæй фылдæр. Шахтæйæ та мæймæ паддзахадмæ лæвæрдтой дæсгай тоннæтæ рзæт. Ныртæккæ уыцы бонтæ æрхæндæгæй мысы фæллойы ветеран.

Фæлæ уæддæр Æрхоны рзæт къахæн куыстуаты раздæры хицау Реуазты Георгий  йæ зæрдæ дары, куыстуат кæй скусдзæн æмæ кæд йæ хъомыс ахæм егъау нæ уыдзæн, уæддæр адæмы цардыл хуыздæрырдæм кæй фæзындзæн, ууыл.

80 аздзыд адæймагæн ивгъуыд цард мысын хорз хъуыддаг нæу, зæгъы Реуазты Георгий. Ахсджиагдæр у фидæныл хъуыды кæнын. Пенсиисæгæн ис 4 хъæбулы, йæ цоты цот та -7. Уыдонмæ кæсгæйæ ацæргæ фæллойгæнæг æмбары йæ хъазуатон фæллой дзæгъæлы кæй нæ уыд æмæ шахтеры боныл сæмбæлд йе стыр бинонты хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania