филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
02 сентября 2020, 14:35
Сæ номыл Беслæны сывæллæттæ, абоны фæсивæд бацæттæ кодтой арфæйы видеоролик

3-æм сентябры ондайн-форматы æвдыст цæудзæн Уæрæсейы ветеранты æмæ акци «Æнæмæлгæ пъолчы» сæрмагонд сайтты

16 азы 16 боны не сты, фæлæ уæддæр нæ мынæг кæны арф хъæдгомы рыст. Сывæллонæй амынæты чи уыд æмæ удыгас чи базза, уыдон хъуыды кæнынц алы уысым дæр. Уæлдайдæр та сæ зындонæй чи ирвæзын кодта. Сæ номыл Беслæны  сывæллæттæ, абоны фæсивæд бацæттæ кодтой арфæйы видеоролик. 3-æм сентябры ондайн-форматы æвдыст цæудзæн Уæрæсейы ветеранты æмæ акци «Æнæмæлгæ пъолчы»  сæрмагонд сайтты. Бæлвырддæр радзурдзæн Томайты Батрадз

«Стыр бузныг уыдонæн, зын сахат нæ зындонæй  чи аирвæзын кодта», зæгъынц 16 азы размæ Беслæны скъолайы уацары чи уыд, уыцы фæсивæд. 2004-æм азы Дзарасаты Аслан хъуамæ бацыдаит  8-æм къласмæ. Фæлæ уый хыгъд  3 боны арвыста æнуд залы. Штурмы рæстæг Асланы дæр куыд бирæ æндæр сæдæгай ахуырдзауты аирвæзын кодтой сæрмагонд дæлхайæдты службæгæнджытæ. Æмæ абон хъæппæрисджын фæсивæд сарæзтой арфæйы видеоролик.

Дзарасаты Аслан: «Уыцы куыст саразтам уый тыххай цамай равдисам зындзинад дзы кай уыди. Бызныг загъам уыдонан зын растаг чи баххуыс кодта сываллаттан, уыдонан».

Аслæны бæллиц у, цæмæй фидæны Ирыстоны адæм цæрой амондимæ æмæ сабыр дунейы

Дзарасаты Аслан:«Уадай фастама цамай цин хабартта каддариддар куыд уой Ирыстоны, Уарассейы, на заххы къорийыл. Хуыцау ахам арфата раканад».

Лæгдзинады урочы фæлгæты, уый уыдзæн терроризмы ныхмæ тох кæныны бон – 3-æм сентябры, ролик æвдыст цæудзæн онлайны-форматы Уæрæсейы ветеранты Цæдисы сайты æмæ  «Æнæмæлгæ пъолчы» акцийы. Цыбыр ныхасæй æппæт бæстæйы дæр. Роликы архайынц ветеранты организаци «Вымпел Алании» æмæ къорд «ShowMarket».

Кокойты Таймураз, Æхсæнадон архайæг: «Бесланы цауты чи уыдис, уыцы лаппута дар рбаллауыдысты ама иумаййаг куыстай дзы рауадис. Даргъватин нау, фала Маскуыйы сбараг кодтой, цамай минута молчани куы уыдзан, уад ай нахъан Уарассейы равдисдзысты. Са зардама тынг фацыдис».

Бонтæ цæуынц, рæзынц Беслæны сывæллæттæ, фæлæ нæ мынæг кæны 16 азы размæ арф хъæдгомæй адæмты зæрдæты цы нос баззад уый. Æгæр уæззау фæстиуджытæ йын ис æмæ сæ ферох кæнæн нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania