филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:14 суббота, 28 сентября 2024
03 сентября 2020, 12:56
Беслæны дарддæр цæуы 16 азы размæ 1-æм скъолайы чи бацарæфтыд, уыдоны номарæн Вахтæ

Саударæн мадзæлттæ фæуыдзысты абон

Беслæны дарддæр цæуы 16 азы размæ 1-æм скъолайы чи бацарæфтыд, уыдоны номарæн Вахтæ. Сæдæгай адæмтæ цæуынц цæуынц сывæллæтты, сæ ныййарджыты æмæ сæ ахуыргæнджыты ном ссарынмæ. Сæ къухты дидинджыты бæстытæ, хъазæнтæ, мыдадзын цырæгътрæ æмæ дон. Беслæны скъола ацы бонты бабæрæг кодтой алы структурæты минæвæрттæ дæр, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Саударæн мадзæлттæ фæуыдзысты абон. 13:05 скъолайы кæрты дыууæ хатты азæлдзæн дзæнгæрæг. Уый фæстæ, адæм минут алæудзысты æдзæмæй. Арвмæ суаддзысты 334 уырс сары. Уый фæстæ араст уыдзысты мемориалон уæлмæрдмæ «Зæдты горæтмæ». Гуытъиаты Алинæйæн ныхасы бар. 

«Цæрут нæ зæрдæты æнустæм». Ацы ныхæстæ Намысы чиныджы ныффыста  Татьянæ Светлова. 2004  азы сентябры уый йæ ахуыргæнинæгтимæ уыдис, скъола чи бацахста, уыцы терористты уацары. Ныр  та æхсæрдæс азы фæстæ æрбацыдис йæ райгуырæн скъолайы кæртмæ, цæмæй ссара, теракты чи фæмард, æмæ сæрибармæ кæимæ бæллыдис, уыдоны рухс нæмттæ.

2004 азы Владимирыл цыдис 14 азы. Беслæнмæ ссыдис фыццаг хатт. Владимир у Уралæй æмæ хорз хъуыды кæны, æхсæрдæс азы размæ æнæхъæн дунейы цæрджытимæ куыд æнхъæлмæ каст беслæны скъолайæ хорз хабæрттæм. Лæппу куыд зæгъы, афтæмæй йын скъолайы уынд йæ зæрдæ банкъуысын кодта. Ацы нывтæ йæ хъуыдытæй никуыуал фæцух уыдзысты.

Басаты Зæринæ та 2004-æм азы уыди хæрз гыццыл. Йæ хойы хъуыдыдæр нал кæны. Æомæст æй зоны хуызистытæм гæсгæ.

Абайты бинонтæ Беслæны скъоламæ æрбацæуынц æрвылаз. Кæд сæ хæстæджытæй æмæ хиуæттæй уыцы фыдбылызы ничи бахаудта, уæддæр сæ хæсыл нымайынц Беслæны цæрджыты раз æрбалæууын.

Абон, куыд иннæ азты, афтæ, Беслæны фыццæгæм скъоламæ цæуы бирæ дзыллæ, цæмæй ссарой, теракты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Зæдты горæты та метрономы зæлтæм бакæсдзысты æртæсæдæ æртын цыппар хъизæмаргæнæджы нæмттæ.

Беслæны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, трагеди йæ фæд кæуыл нæ ныууагъта. Алчидæр æй абон дæр æнкъары зæрдæйы хъæдгомæй.

Æнкъард музыкæ, адæмы цæссыгтæ æмæ дзуапп кæмæн нæй, ахæм фарстатæ. Адæм æдых сты, теракты æнæаххосæй чи фæмард, уыцы адæмы тæригъæды раз. Никуы сæ ферох уыдзысты, беслæйнæгты царды сæраппонд чи фæмард, уыцы æсæддонты нæмттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania