филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 суббота, 28 сентября 2024
07 сентября 2020, 10:44
Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта социалон ахсджиаг объектты арæзтад

Ацы хатт бабæрг кодта Дзæуджыхъæуы этнокультурон музей «Фарн» æмæ сывæллæтты тетар «Саби»

Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта социалон ахсджиаг объектты арæзтад. Ацы хатт бабæрг кодта Дзæуджыхъæуы этнокультурон музей «Фарн» æмæ сывæллæтты тетар «Саби». Федта Æрыдоны æмæ Мичурины хъæуты спортивон фæзуатты æмæ Рассветы амбулаторийы арæзтæдтæ. Цы хатдзæгтæ скодта, уый тыххæй дзуры Гуытьиаты Алинæ

Хицауады сæрдар стыр æргом аздæхта культурæйы объектты арæзтадмæ. Уыдонимæ этнокультурон музей «Фарн»-ы рацарæхт æмæ сывæллæты театр Сабийы бындурон цалцæг. Ныртæккæ куыстытæ сты сæ тæмæны. Къæсæртæй суанг пъадвалмæ хъуамæ иу уаддзаг дæр æнæзылдæй ма баззайа. Раздæр бæстыхайы дæллаг хай уыдис куыд хæдзарадон агъуыст. Ныр та дзы скæндзысты артисттæн æмæ кусджытæн бынат.

Таймураз бабæрæг кодта 11-æм скъола дæр. Уым ныртæккæ архайынц бæстыхай зæххсæнкъуыстытæй бахъахъхъæныныл. Объект хауы культурон бынтæм æмæ уый тыххæй рацарæзт хъуамæ скæной уæлдай арæхстджындæрæй.

Спортивон объектты æхсæн ис стадион Спартак дæр. Ныридæгæн уал уым фехæлдтой цæгатаг æмæ хуссар трибунæтæ.

Æрыдоны æмæ Мичурины та аразынц спортивон фæзтæ. Фыццаг объекты нырма ныр фесты асфальт æмбæрзт. Дыккаг та а дыууæ боны сцæттæ уыдзæнис. Фæлæ Тускъаты Таймураз фау æрхаста куыстыты хæрзхъæддзинадмæ.

Ацы объекттæй уæлдай ма Хицауады сæрдар федта Рассветы хъæуы фелшырон-акушерон пункты арæзтад æмæ дондзæуæн системæйы рацарæзты цыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania