филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
09 сентября 2020, 14:08
Мæздæджы районы райдыдта Дзуæрттимæ цыд Мæздæджы Мады майрæмы уазнывимæ

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леониды арфæйæ

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леониды арфæйæ Мæздæджы районы райдыдта Дзуæрттимæ цыд Мæздæджы Мады майрæмы уазнывимæ. Мадзал ахæсдзæнис цалдæр боны. Кадджын цыды архайынц хъазахъхъаг æхсæнады минæвæрттæ æмæ Хæлардзинады Хæдзары активисттæ. Се вæрæн æм бахастой æфсæддон службæйы ветерантæ æмæ алы нациты минæвæрттæ. Дзуæрттимæ цыд, уазнывтæ æмæ дзæнгæрджыты цагъдимæ сарæзтой Мæздæджы сæйраг уынгты. Бакувынмæ рацыдысты станицæты цæрджытæ æмæ хъазахъхъæгтæ. Ацы бонты Мæздæджы Мады майрæмы ныв æрзилдзæн Архонкæйы, Змейкæйы, Николаевскийы æмæ Дзæуджыхъæуы аргъуантыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania