филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
15 сентября 2020, 15:29
Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары схорзæхджын кодтой онлайн конкурс «Ирон дæн»-ы уæлахиздзауты

Конкурс арæзт цыд ирон æвзаджы бонмæ

Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары схорзæхджын кодтой онлайн конкурс «Ирон дæн»-ы уæлахиздзауты. Конкурс арæзт цыд ирон æвзаджы бонмæ майы мæй, фæлæ пандемийæйы аххосæй йæ онлайны хуызмæ раивтой. Абон та аивдæр чи бакаст уыдоны схорзæхджын кодтой. Архайдтой дзы алы кары адæм, æдппæтæй 500 адæймаджы республикæйы районтæй. Сæ фылæдæрыл 10 азы дæр нæ цыд. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтой социалон хызæгты адæмы хъæлæстæм гæсгæ. Афтæ фыццаг бынат бацахста Борæдзауты Къоста, 2-аг Хъайтмæзты Амагæ, 3-аг бынатмæ та рацыд Цуцаты Аннæ. Се ппæт дæр сты Æрыдонæй. схорзæхджын сæ кодтой кады гæххæтытæ æмæ зынаргъ лæвар – Нарты Кадджыты сæрмагонд рауагъдæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania