филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
16 сентября 2020, 12:24
Социалон æмæ экономикон райрæзты кустуаттæ куыд архайдзысты, ууыл ныхас цыд республикæйы хицауады æмбырды

Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй регионы бæрæг дары социалон æмæ экономикон къабæзты райрæзт, уый бæрæг дары бюджетыл дæр

Сæрмагонд программæмæ гæсгæ хæххон территориты  куыстуаттæ цы амалхъом адæм  байгом кæндзысты, уыдоны суагъд кæндзысты хъæууонхæдзарады иумæййаг, исбоны æмæ транспорты хъалонтæй. Райрæзты территоритæ снысан кодтой Алагиры æмæ Æрæфы районты.

Социалон æмæ экономикон райрæзты кустуаттæ куыд архайдзысты, ууыл ныхас цыд республикæйы хицауады æмбырды. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй регионы бæрæг дары социалон æмæ экономикон къабæзты райрæзт, уый бæрæг дары бюджетыл дæр.  Хæххон хъæуты ног куыстуатты фæрцы бынæттон цæрджытæн фæзындзæн куысты бынæттæ дæр.

Хицауады æмбырды республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады  министр Годжысаты Тамерлан дзырдта, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой льготæтæм цы лæггæдтæ хауынц, уыдон.  Куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæстаг 3 азмæ фылдæр адæм ныффыстой, цæмæй сын сæ лæггад баивой хцайы фæрæзтæй. Ныхас цæуы æнæмæнг хъæугæ лæвар хостыл.  Уый  раппæлинаг нæу æмæ министрад аразы алцыдæр, цæмæй уавæр сраст кæной. Мыхуры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юрий радзырдта  регионалон программæ тыххæй кæцы æххуыс уыдзæн бынæттон газеттæ æмæ журналты рауагъдадæн. Ныхас цæуы 2024-æм азмæ фæфылдæр кæнын киосктæ æмæ павильонты нымæц. Хицауады сæрдар банымадта ацы фарста нæ регионæн ахсджиаг кæй у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania